Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Мысыры паддзахы, фараон Хофрайы, йӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухмӕ ратдзынӕн. Иудейаг паддзах Цедекиайы дӕр, йӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллыд, уыцы знаджы, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ афтӕ радтон».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:30
11 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕт адӕмтӕ йын лӕггад кӕндзысты, стӕй йӕ фырт ӕмӕ йӕ фырты фыртӕн дӕр, цалынмӕ йӕ зӕххӕн дӕр йӕ рӕстӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ. Бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын паддзӕхтӕ йын лӕггад кӕндзысты.


Ӕз иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕтты, сӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллы, уыцы знӕгты амӕттаг бакӕндзынӕн, уӕ зӕххӕй чи аздӕхт, уыцы вавилойнаг ӕфсады къухмӕ сӕ ратдзынӕн.


Мӕнӕ уын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы зӕххыл уӕ кӕй бафхӕрдзынӕн, уый нысан. Зонут: Мӕ ныхӕстӕ сӕххӕст уыдзысты уӕ фыдбылызӕн.


«Адӕймаджы фырт! Ӕз фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, йӕ цонджы хъомыс басастон. Йӕ хъӕдгом баст не ’рцыди, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ фӕстӕмӕ кард райсынхъом суа».


Уӕдӕ ды Едемы бӕлӕстӕй кӕй баййӕфтай дӕ кад ӕмӕ дӕ хъомысӕй? Ныр ды дӕр Едемы бӕлӕстау ӕппӕрст ӕрцӕудзынӕ мӕрдтыбӕстӕм ӕмӕ ӕнӕсунӕтты, карды амӕттаг чи баци, уыдоны ’хсӕн лӕзӕрдзынӕ. Уыдон сты фараон ӕмӕ йӕ бирӕ дӕм», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan