3 Сӕ фыдракӕндтӕй Мӕ смӕсты кодтой, нӕдӕр уӕхӕдӕг, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сын лӕггад кодтой.
Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.
Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.
Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой».
Ды адӕмӕн ацы ныхӕстӕ куы фехъусын кӕнай, уӕд дӕ фӕрсдзысты: „Дунедарӕг нын рагацау ахӕм стыр бӕллӕхы кой цӕмӕн кӕны? Цӕй мидӕг ис нӕ азым? Цавӕр тӕригъӕд ракодтам Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз?“
Ӕмӕ сын дзуапп ратдзысты: „Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгимӕ, сӕ Хуыцауимӕ, цы фидыд сарӕзтой, уый сӕ ферох ис, ӕндӕр хуыцӕуттӕм куывтой ӕмӕ сын лӕггад кодтой“».
уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не ’рдардтой.
Уымӕн ӕмӕ Иудей ӕмӕ Израилы фырттӕ се ’взонджы бонтӕй абонмӕ Мӕ разы ӕрмӕст фыдракӕндтӕ кодтой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ ӕрмӕстдӕр мӕсты кодтой, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд судзгӕйӕ, Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ хъуыстат. Йе ’Гъдау, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодтат, ӕмӕ уыл ныр ацы бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыди».
Уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ цӕмӕн мӕсты кӕнут? Мысыры зӕххыл, ӕрцӕрынмӕ кӕдӕм ӕрбацыдыстут, уым ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд цӕмӕн судзут? Фесафдзыстут уӕхи! Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ уӕ иууылдӕр ӕлгъитдзысты, фӕхудинаг уыдзыстут се ’хсӕн.
Ӕмӕ адӕм куы фӕрсой: „Ӕппӕт адӕттӕ нын цӕмӕн ӕвзарын кӕны Дунедарӕг, нӕ Хуыцау?“ — уӕд-иу сын дзуапп ратт: „Кӕй Йӕ ныууагътат ӕмӕ уӕхи зӕххыл ӕндӕр хуыцӕуттӕн кӕй лӕггад кодтат, уый тыххӕй ӕцӕгӕлон зӕххыл ӕндӕрбӕстӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут“.
Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг.
Фӕлӕ уыдӕттӕ Мӕ фыддӕрагӕн кӕнынц? — зӕгъы Дунедарӕг. — Сӕхи фыдӕнӕн — сӕ худинагӕн!»
Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!
Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.
Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.
Дӕ хӕрз ӕфсымӕр дӕ куы ардауа сусӕгӕй, дӕ фырт, дӕ чызг, дӕ уарзон бинойнаг кӕнӕ дын дӕ адджын ӕмбал куы дзура, цом ӕмӕ лӕггад кӕнӕм, дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр кӕй нӕ зыдтой, уыцы хуыцӕуттӕн,
Ӕмӕ сын загъд уыдзӕни: „Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, сӕ фыдӕлтимӕ, Мысырӕй сӕ куы ракодта, уӕд цы фидыд сарӕзта, уый ферох кодтой,
ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын райдыдтой, зонгӕ дӕр кӕй нӕ кодтой ӕмӕ сын Уый кӕй не снысан кодта, уыцы хуыцӕуттӕм куывтой.
Нывӕндтӕ Дунедарӕгӕн нӕ, фӕлӕ дӕлимонтӕн, ӕрӕджы чи фӕзындис ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы гуымирытӕн хастой.
Уымӕн ӕмӕ, Хуыцауы хъӕлӕс чи фехъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ Йӕ ныхмӕ сыстадысты. Моисей Мысырӕй кӕй ракодта, уыдон нӕ уыдысты, мыййаг?