Йеремиа 44:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст27 Ӕз уӕм ӕдзухдӕр Мӕ цӕст дардзынӕн — уӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ уӕ фыдбылызӕн! Иудейӕгтӕ Мысыры зӕххыл кард ӕмӕ стонгӕй мӕлдзысты, цалынмӕ бынтон фесӕфой, уӕдмӕ. Faic an caibideil |
Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.