Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:22
40 Iomraidhean Croise  

уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста».


Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы».


Суӕлӕхох Ын сты Йӕ уагӕвӕрдтыл, кӕддӕр сын сӕ фыдӕлтимӕ цы фидыд сарӕзта, ууыл, Йӕ уынаффӕтыл. Табу кӕнын байдыдтой ницӕйаг гуымирытӕн. Сӕ ницӕйаг хъуыддӕгтӕй фӕзмыдтой, Дунедарӕг сын кӕй тыххӕй фӕдзӕхста, ма сӕ бафӕзмут, зӕгъгӕ, уыдоны — сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты.


Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хъомысджын Хуыцау: «Ныр Мӕ маст ныккалдзынӕн Мӕ фыдгултыл, Мӕ маст райсдзынӕн Ме знӕгтӕй.


Ӕвзистӕй Мын не ’лхӕдтат хӕрздӕфгӕнӕн буд, нӕ Мӕ ’фсӕстат уӕ нывӕндты нардӕй. Фӕлӕ Мӕ уыйхыгъд фыдӕбоны хай кодтат уӕ тӕригъӕдтӕй, ӕвӕрдтат Мыл уӕ азымы уӕззау уӕргътӕ.


Уӕд Исайа загъта: «Ӕрбайхъусут-ма ардӕм, Давиды байзӕддаг! Адӕмы фыдӕбоны хай фӕкодтат, уый уын ӕгъгъӕд нӕу, ӕмӕ ма мын мӕ Хуыцауы дӕр фыдӕбоныл бафтауинаг стут?


«Ныууагътай Мӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — адард дӕ Мӕнӕй. Уый тыххӕй дӕм Ӕз Мӕ къух систон, ныппырх дӕ кодтон, нал зонын тӕригъӕд!


Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн.


Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Мӕ адӕмы Мын цы фыййӕуттӕ хизынц, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: Мӕ фысты Мын ныххӕлиу кодтат, алырдӕмты сӕ фӕсырдтат, нӕ сыл аудыдтат, ӕмӕ уӕ Ӕз уӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.


Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн ӕмӕ йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтаудзӕн; ӕвдай азы дӕргъы ацы адӕмтӕ уыдзысты Вавилоны паддзахы уацары.


Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕн, сӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ уӕздӕттӕн — цӕмӕй сафтид уой ӕмӕ сӕ уындӕй алкӕй тасы ’фтауой, хынджылӕггаг ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуой, ӕмӕ уыдӕттӕ ныридӕгӕн ӕвзарынц;


Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!


уӕд Ӕз ацы хӕдзарӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн, ацы сахар ӕппӕт зӕххы адӕмтӕ куыд ӕлгъитой, афтӕ“».


Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны ’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты,


уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мӕ пехуымпарты уылты сӕм ӕдзухдӕр кӕй ӕрвыстон, уыцы ныхӕстӕм сӕ хъус не ’рдардтой.


Дӕ цӕдисонтӕ дӕ ферох кодтой, нал дӕ агурынц. Знаджы цӕфтӕ дыл ныккалдтон, бафхӕрдтон дӕ ӕгъатырӕй, уымӕн ӕмӕ дӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, дӕ тӕригъӕдтӕн нымӕц дӕр нӕй!


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах федтат, Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕй алкӕмӕн дӕр цы бӕллӕхтӕ бавзарын кодтон, уый. Хӕлддзӕгтӕ систы ныр, ничиуал дзы цӕры.


Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.


Моавӕн базыртӕ раттут, цӕмӕй йӕ бон атӕхын суа. Йӕ сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Ау, Ӕз сӕ уыдӕтты тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?


Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме ’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се ’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты.


Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый.


Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы ’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз.


Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.


Мӕнӕ уӕ Ӕз хорӕй йедзаг уӕрдонау ныссӕнддзынӕн.


Сымах Дунедарӕджы уӕ ныхӕстӕй смӕсты кӕнут, уӕхӕдӕг дзурут, цӕмӕй Йӕ кӕнӕм мӕсты, зӕгъгӕ. Дунедарӕг алы фыдгӕнӕгмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы ӕмӕ ахӕмтыл ауды, зӕгъгӕ, кӕй фӕзӕгъут, уымӕй. Ноджы ма сымах зӕгъут: «Кӕм ис рӕстдзинады Хуыцау?»


Афтӕ Хуыцау дӕр — фӕндыд Ӕй Йӕ азар ӕмӕ Йӕ хъомыс равдисын, уӕддӕр тынг фӕразонӕй быхста, фесӕфынмӕ цӕттӕ чи уыд ӕмӕ Йӕ азар кӕуыл хъуамӕ ныккалдтаид, уыдонӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan