Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 «Сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ, уӕ паддзӕхтӕ, уӕ фӕтӕгтӕ ӕмӕ бӕстӕйы адӕм Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахарты будсудзӕн кӕй кодтой, Дунедарӕг уӕ, мыййаг, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта? Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, нӕ рафыхти Йӕ маст?

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:21
19 Iomraidhean Croise  

уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сног нын кӕн нӕ тых! Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕзӕм!


Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг, мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым. Ӕркӕс-ма нӕм, мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!


О Иудей! Дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц! Йерусалимы цал уынджы ис, уал нывондхӕссӕны дзы сӕвӕрдтат, цӕмӕй сыл ӕлгъаг Баалӕн будсудзӕн кӕнат!


Дунедарӕг ацы адӕмы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Уыдон уарзынц лекка кӕнын, бауромӕн сын нал ис, ӕмӕ сын Дунедарӕг хӕрзаудӕн нал кӕны; сӕ фыдракӕндтӕ сын ӕрымысдзӕн ныр, сӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕ бафхӕрдзӕн».


Мах нӕ сомытӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм, нӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, нӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ фӕтӕгтӕ раздӕр Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты куыд кодтой, афтӕ. Уыцы заман мах уыдыстӕм ӕфсӕст ӕмӕ амондджын, фыдбылыз цы у, уый нӕ зыдтам.


Уӕд Йеремиа адӕмӕн, усӕй, лӕгӕй, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр дзырдта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта:


Уӕ фыдӕлтӕ, иудейаг паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, стӕй уӕхӕдӕг ӕмӕ уӕ бинойнӕгтӕ Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы уынгты цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдон уӕ ферох сты, мыййаг?


Ды дӕхицӕн сарӕзтай хъахбайдзинады къуыбыртӕ — алы фӕз ӕмӕ алы тигъыл, фегад кодтай дӕ рӕсугъддзинад. Дӕ цурты-иу чидӕриддӕр рацӕйцыди — дӕ къӕхтӕ-иу ныххӕлиу кодтай, ӕмӕ афтӕмӕй сбирӕ сты дӕ хъахбай митӕ.


Уыдонӕн сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, сӕ фыдракӕндтӕ Мӕ рох кӕй не сты, уый. Сӕ хъуыддӕгтӕ сӕ алыварс ӕртыхстысты, нӕ бамбӕхсдзысты Мӕнӕй!


Дунедарӕг сомы кӕны Израилы сӕрыстырдзинадӕй: «Сӕ хъуыддӕгтӕ сын нӕ ферох кӕндзынӕн мыггагмӕ!»


Дунедарӕг уый куы федта, уӕд фыр мӕстӕй атигъ кодта Йӕхи Йӕ фырттӕ ӕмӕ Йӕ чызджытыл.


Исты Мӕм уыдӕттӕ ӕвӕрд не сты, бӕрӕг ран сӕ нӕ бафснайдтон?


Стыр сахар ӕртӕ дихы фӕци, ӕмӕ муртаттӕгты сахартӕ бабын сты. Хуыцауӕй нӕ ферох стыр Вавилон, ӕмӕ йын бадардта Йе стыр фыдӕхы сӕны кӕхцӕй.


Уымӕн ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ схӕццӕ сты уӕларвмӕ, Хуыцауӕй нӕ ферох сты йӕ фыдракӕндтӕ.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan