Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Сылгоймӕгтӕ та загътой: «Уӕларвы ус-хуыцауӕн буд куы сыгътам ӕмӕ йын сӕн куы калдтам, уӕд ӕй, ау, нӕ сӕрыхицӕуттӕ нӕ зыдтой, йӕ нывимӕ йын гуылтӕ кӕй фыцӕм, уый?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:19
14 Iomraidhean Croise  

Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.


Ахавы хуызӕн, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы митӕ уыдысты, уыдоныл никуыма ничи бафтыд, уыдӕттыл ӕй ардаугӕ та кодта йӕ ус Иезавел.


Йе ’наккаг митӕй фӕзмыдта Израилы паддзӕхты, Ахавы бинонты, уымӕн ӕмӕ йӕ бинойнаг уыдис Ахавы чызг. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы уыди, уыдӕттӕ кодта.


Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.


Сӕ устытӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй судзынц, уый цы нӕлгоймӕгтӕ зыдтой, стӕй, уыцы ран цы сылгоймӕгтӕ лӕууыдысты, уыдон ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, мысыраг Патросы цӕрджытӕ, Йеремиайӕн дзуапп радтой:


Уӕд Йеремиа адӕмӕн, усӕй, лӕгӕй, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр дзырдта, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта:


Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.


йӕ сӕрыхицау та йӕ фехъуыста ӕмӕ ницы загъта, йӕ ныхмӕ нӕ рацыд, уӕд ӕцӕг у йӕ ардбахӕрд, ӕцӕг у йӕ алы тобӕ дӕр.


уый йӕ сӕрыхицау куы базона ӕмӕ куы ницы зӕгъа, уӕд сылгоймагӕн йӕ ардбахӕрд дӕр ӕмӕ йӕ тобӕ дӕр фидар сты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan