18 Уӕларвы ус-хуыцауӕн буд куынӕуал судзӕм ӕмӕ йын сӕн куынӕуал калӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ та алцӕмӕй дӕр хъуаг ӕййафӕм, кард ӕмӕ стонгӕй сӕфӕм».
Уый хаста нывӕндтӕ Дамаскы хуыцӕуттӕн, афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыдон басастой. Уый дзырдта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц. Цӕй ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕссон, кӕд мӕнӕн дӕр баххуыс кӕниккой». Фӕлӕ йын уыдон йӕхи дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмы дӕр ӕрмӕстдӕр сӕфтмӕ ӕркодтой.
Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».
Ӕмӕ уӕд, кӕдӕм сӕ фӕсырдӕуыд, уыцы бынӕттӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты Иудеймӕ, Гедалиамӕ, Мицпамӕ, ӕмӕ сӕм парахатӕй фӕзындысты сӕн ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕ.
Ӕддӕкъах уыди сӕ мад ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ныййардта. Дзырдта, зӕгъгӕ, мӕ хӕзгулты фӕстӕ цӕудзынӕн: уыдон мын дӕттынц дзул ӕмӕ дон, къуымбил ӕмӕ гӕн, оливӕйы сой ӕмӕ нозт.