Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Мах нӕ сомытӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзыстӕм, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм, нӕхӕдӕг ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ, нӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ фӕтӕгтӕ раздӕр Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты куыд кодтой, афтӕ. Уыцы заман мах уыдыстӕм ӕфсӕст ӕмӕ амондджын, фыдбылыз цы у, уый нӕ зыдтам.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:17
32 Iomraidhean Croise  

Сӕхи атигъ кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытыл ӕмӕ сӕхицӕн скодтой джиппыуагъд дыууӕ уӕныджы, стӕй Ашерӕйы цӕджындз. Кувын райдыдтой арвы стъалытӕм ӕмӕ табу кодтой Баалӕн.


Кӕй Мӕ ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй ацы бынатмӕ Мӕ маст ссудздзӕн, ӕмӕ нӕ бамынӕг уыдзӕн“.


Уый хаста нывӕндтӕ Дамаскы хуыцӕуттӕн, афтӕ ӕнхъӕлдта, ӕмӕ йӕ уыдон басастой. Уый дзырдта: «Сирийы паддзӕхтӕн сӕ хуыцӕуттӕ ӕххуыс кӕнынц. Цӕй ӕмӕ сын ӕз дӕр нывӕндтӕ хӕссон, кӕд мӕнӕн дӕр баххуыс кӕниккой». Фӕлӕ йын уыдон йӕхи дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмы дӕр ӕрмӕстдӕр сӕфтмӕ ӕркодтой.


Нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ не ’ххӕст кодтой Де ’Гъдау, нӕ хъуыстой, Ды сын кӕй бафӕдзӕхстай, уыцы фӕдзӕхстытӕм ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм.


Фыр адӕргӕй Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой, ӕмӕ сӕ Уый фыд азарӕй бахызта:


Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,


Дзырдтой: «Фӕлтау Мысыры куы амардаиккам Дунедарӕджы къухӕй. Уым бадтыстӕм дзидзайы ӕгты уӕлхъус, нӕ фаг нын уыди дзул! Сымах та не ’ппӕты дӕр ацы ӕдзӕрӕг быдырмӕ сыдӕй амарынмӕ ракодтат».


Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат, уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой, хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон.


Сӕ фыдракӕндты аххосӕй сын Ӕз цы тӕрхон рахастон, уый сын фехъусын кӕндзынӕн: ферох Мӕ кодтой, ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕн буд сыгътой ӕмӕ сӕхи къухӕй конд гуымирытӕм куывтой.


Ӕмӕ уӕд Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ цы хуыцӕуттӕн судзынц, уыдонмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сын бӕллӕхы заман уыдон ницӕмӕй феххуыс уыдзысты.


Мӕн та Мӕ адӕм ферох кодтой се ’ппӕт дӕр: ницӕйаг гуымирытӕн будсудзӕн кӕнынц! Сӕ цӕуӕнтыл фӕкалдысты, сӕ рагон фӕндӕгтӕ ныууагътой ӕмӕ ӕнӕцыд къахвӕндӕгтӕм рахызтысты.


Йерусалимы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ иудейаг паддзӕхты галуантӕ сӕ уӕлхӕдзӕрттыл ӕппӕт стъалытӕн буд кӕм сыгътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн кӕмдӕриддӕр калдтой, уыцы хӕдзӕрттӕ иууылдӕр Тофетау фӕчъизи уыдзысты“».


«Сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ, уӕ паддзӕхтӕ, уӕ фӕтӕгтӕ ӕмӕ бӕстӕйы адӕм Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахарты будсудзӕн кӕй кодтой, Дунедарӕг уӕ, мыййаг, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта? Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, нӕ рафыхти Йӕ маст?


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: уӕ устытимӕ цӕмӕйдӕриддӕр зӕрдӕ бавӕрдтат, уыдӕттӕ кодтат! Сымах загътат: «Сӕххӕст кӕндзыстӕм нӕ сомы, уӕларвы ус-хуыцауӕн буд судздзыстӕм ӕмӕ йын сӕн калдзыстӕм». Уӕдӕ сӕххӕст кӕнут уӕ сомытӕ!


Уӕ фыдӕлтӕ, иудейаг паддзӕхтӕ ӕмӕ сӕ устытӕ, стӕй уӕхӕдӕг ӕмӕ уӕ бинойнӕгтӕ Иудейы зӕххыл ӕмӕ Йерусалимы уынгты цы фыдракӕндтӕ фӕкодтой, уыдон уӕ ферох сты, мыййаг?


Ау, Иудейы сахарты ӕмӕ Йерусалимы уынгты цытӕ кӕнынц, уый нӕ уыныс?


Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.


Сымах дзурут, цӕй ӕмӕ муртаттӕгтау, ӕндӕрбӕстаг адӕмтау, хъӕдтӕм ӕмӕ дуртӕм кувӕм, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уӕ хъуыдыйы цы ис, уый уӕ къухы ницы хуызы бафтдзӕн!


Фӕлӕ уыдон Мӕ ныхмӕ фесты ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстой. Ничи сӕ аппӕрста, сӕ мондӕгтӕ кӕмӕй истой, уыцы гуымирытӕ, ӕмӕ сӕ Мысыры хуыцаугӕндтыл ничи атигъ кодта йӕхи. Ӕмӕ уӕд загътон, Мӕ маст сыл ныккалдзынӕн ӕмӕ сыл Мӕ азар ныххуырсдзынӕн Мысыры зӕххыл, зӕгъгӕ.


Семӕ-иу рӕсугъд фынгыл ӕрбадтӕ ӕмӕ-иу сын уыцы фынгыл ӕрӕвӕрдтай Мӕ буд ӕмӕ Мӕ сой.


Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.


Йӕ ахсӕн хызтӕн хӕссы нывӕндтӕ ӕмӕ сын буд судзы, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы у фыр хъӕздыг, дзаджджын сты йӕ фынгтӕ.


йӕ сӕрыхицау та йӕ фехъуыста ӕмӕ ницы загъта, йӕ ныхмӕ нӕ рацыд, уӕд ӕцӕг у йӕ ардбахӕрд, ӕцӕг у йӕ алы тобӕ дӕр.


Моисей израилаг хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕн загъта: «Мӕнӕ цы фӕдзӕхсы Дунедарӕг:


Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта.


Зӕрдаивӕй мацы дзур. Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, истӕй тыххӕй куы басомы кӕнай, уӕд-иу дӕ сомы сӕххӕст кӕн: барвӕндонӕй радтай дзырд.


Уыдонӕн сӕ кӕрон — бынсӕфт, сӕ хуыцау — сӕ гуыбын, худинаг сӕм цы хъуамӕ кӕсид, уымӕй сты сӕрыстыр. Сӕ мӕт у зӕххон цардыл.


Уымӕн ӕмӕ сымах зонут: уӕ фыдӕлтӕй уын цы ницӕйаг цард баззад, уымӕй уӕ балхӕдӕуыди, рӕстӕг кӕй бахӕрдзӕн, ахӕм ӕвзист кӕнӕ сыгъзӕринӕй нӕ,


Чызг ын дзуапп радта: «Мӕ фыд! Кӕд Дунедарӕджы раз сомы ракодтай, уӕд дӕ сомы сӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ дын Дунедарӕг балӕвар кодта уӕлахиз, ӕмӕ де знӕгтӕй, аммонӕгтӕй, дӕ маст райстай».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan