Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Сӕ устытӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй судзынц, уый цы нӕлгоймӕгтӕ зыдтой, стӕй, уыцы ран цы сылгоймӕгтӕ лӕууыдысты, уыдон ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, мысыраг Патросы цӕрджытӕ, Йеремиайӕн дзуапп радтой:

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:15
14 Iomraidhean Croise  

Уазджытӕ нӕма бахуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары нӕлгоймӕгтӕ, зӕрондӕй, ногӕй, сахарӕн йӕ алы кӕрӕттӕй, ӕртыхстысты Лоты хӕдзарыл


Уыдӕтты тыххӕй, зӕгъын, нӕ фӕтӕригъӕдджын ис Израилы паддзах Соломон? Ахӕм паддзах иунӕг адӕммӕ дӕр нӕ уыди. Йӕ Хуыцау ӕй уарзта ӕмӕ йӕ ӕппӕт израилӕгтӕн паддзах скодта, фӕлӕ йӕ ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕ фӕтӕригъӕдджын кодтой.


Фидар зон: тӕригъӕдджын ӕнӕ ’фхӕрдӕй нӕ баззайдзӕн, фӕлӕ рӕстудты мыггаг фервӕздзӕн.


Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.


Ӕмӕ уын уымӕн дзырдтон рагагъоммӕ, цӕмӕй афтӕ ма зӕгъат, уыцы хъуыддаг нӕ гуымирытӕ сарӕзтой, хъӕд ӕмӕ ӕфсӕйнагӕй кӕй скодтам, уыдон.


Иудейӕгтӕй мысыраг сахартӕ Мигдол, Тахпанхес, Ноф ӕмӕ Патросы чи ’рцарди, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:


Сылгоймӕгтӕ та загътой: «Уӕларвы ус-хуыцауӕн буд куы сыгътам ӕмӕ йын сӕн куы калдтам, уӕд ӕй, ау, нӕ сӕрыхицӕуттӕ нӕ зыдтой, йӕ нывимӕ йын гуылтӕ кӕй фыцӕм, уый?»


Уый фӕстӕ Йеремиа ӕгас адӕмӕн, стӕй сылгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут!


Уацарӕй сӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн сӕ фыдыуӕзӕгмӕ, Патросы зӕхмӕ, ӕмӕ уым лӕмӕгъ паддзахад суыдзысты.


Патросы зӕхх хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, Цоаны сахарыл арт бандзардзынӕн, Нойы сахарӕн стӕрхон кӕндзынӕн.


Бахизут нарӕг кулдуарыл, уымӕн ӕмӕ фӕтӕн кулдуар ӕмӕ сӕфты уӕрӕх фӕндагыл бирӕ цӕуджытӕ ис.


зӕххы цъарыл дӕм дард кӕнӕ ӕввахс чи цӕры, уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн, —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan