Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 44:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Йерусалимы сахар куыд бафхӕрдтон, афтӕ, Мысыры зӕххыл чи ’рцарди, уыцы иудейӕгты дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй бафхӕрдзынӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 44:13
11 Iomraidhean Croise  

Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыдоны тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ азары хай сӕ бакӕндзынӕн! Сӕ лӕппуты сын бабын кӕндзӕн кард, сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджытӕ сыдӕй амӕлдзысты.


Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Уӕ алыварс цы халдейӕгтӕ ӕрхъула кодтой, уыдонӕн сӕ размӕ чи рацӕуа ӕмӕ йӕхи сӕ къухтӕм чи ратта, уыдон иууылдӕр удӕгасӕй баззайдзысты, хӕрзиуӕгӕн цард айсдзысты.


Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.


уӕд байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕ! Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мысырмӕ цӕуын куы сфӕнд кӕнат, куы ацӕуат ӕмӕ уым куы ’рцӕрат,


уӕд, цы кардӕй тӕрсут, уый уӕ уым, Мысыры зӕххыл, баййафдзӕн, ӕмӕ уыцы ран амӕлдзыстут.


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх сыл ӕруадздзынӕн, уымӕй нӕ фервӕздзӕн».


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».


Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты.


Фыдбылызӕй куы аирвӕзат, уӕд уӕ Мысыр суазӕг кӕндзӕн, Мемфис та уӕ ингӕны хай бакӕндзӕн. Уе ’взист дзауматӕ пысырайы бын фӕуыдзысты, уӕ цӕрӕнтӕ какон сындзӕй нал зындзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan