11 Уымӕ гӕсгӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз сымахӕй уӕ фыдбылызӕн Ме ’ргом аздахдзынӕн, ӕппӕт иудейӕгты ныццӕгъддзынӕн!
Хынджылӕг мӕ кодтой ӕнаккӕгтау, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цыди.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахармӕ Ме ’ргом раздӕхтон йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Вавилойнаг паддзахы къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн ӕмӕ йӕ уый саусыгъд бакӕндзӕн“».
Фӕлӕ байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ! Ард хӕрын Мӕ хъомысджын номӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — Мысыры зӕххыл чи цӕры, уыцы иудейӕгтӕй Мӕ ном никуыуал ничи сдзурдзӕн ӕмӕ уыдонӕй афтӕ ничиуал зӕгъдзӕн: «Цардӕгас у Дунедарӕг Хуыцау!»
Ме ’ргом сӕ ныхмӕ сараздзынӕн, ӕмӕ иу артӕй раирвӕздзысты, фӕлӕ сӕ иннӕ арт аныхъуырдзӕн, ӕмӕ сымах базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый — Ме ’ргом сӕ ныхмӕ куы саразон, уӕд.
Израилӕгтӕй кӕнӕ се ’хсӕн цӕрӕг ӕцӕгӕлӕттӕй исчи йӕхи туджы хъӕстӕ куы фӕкӕна, уӕд ӕй Ӕз мӕ азары хай бакӕндзынӕн, хъодыгонд ӕй фӕкӕндзынӕн йӕ адӕмы ’хсӕнӕй,
Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.
Се знӕгты разӕй уацары куы ацӕуой, уӕд сӕ уым дӕр карды цӕфӕй амардзынӕн. Мӕ цӕстӕнгас сӕм сӕ хорзӕн нӕ, фӕлӕ сӕ фыдбылызӕн сараздзынӕн».