Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 43:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ ’фсады хицӕуттӕ семӕ акодтой, алы адӕмты ’хсӕн цы иудейӕгтӕ ныххӕлиу сты ӕмӕ фӕстӕмӕ чи ӕрыздӕхти, уыдоны,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 43:5
7 Iomraidhean Croise  

Вавилоны паддзах Навуходоносор ма Иудейы цы адӕмы ныууагъта, уыдонӕн сӕ сӕргъы сӕвӕрдта Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы.


Ӕз халдейӕгты раз дзуапп дӕттынӕн баззайдзынӕн Мицпайы, уымӕн ӕмӕ нӕм уыдон ардӕм цӕудзысты. Сымах та ӕрӕфтауц кӕнут сӕн, сӕрдыгон дыргътӕ ӕмӕ оливӕйы сой, уӕ мигӕнӕнты сӕ ӕрӕфснайут ӕмӕ, цы сахартӕ бацахстат, уыдоны цӕрут».


Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис.


Араст сты сӕ фӕндагыл ӕмӕ Вифлееммӕ хӕстӕг, Герут-Кимхамы сахары, иу цасдӕр бафӕстиат сты, цӕмӕй Мысырмӕ алидзой, уый тыххӕй.


Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan