Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 43:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Кареахы фырт Йоханан, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ Иудейы нӕ баззадысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 43:4
10 Iomraidhean Croise  

Халдейӕгтӕй тӕрсгӕйӕ, адӕм иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕфсады хицӕуттимӕ иумӕ Мысырмӕ фӕлыгъдысты.


Амациа йын йӕ ныхас ӕрдӕгыл аскъуыдта ӕмӕ загъта: «Паддзахӕн дӕ уынаффӕгӕнӕгӕй чи сӕвӕрдта? Ныхъхъус у, цалынмӕ дӕ нӕ амардтой, уӕдмӕ!» Пехуымпар иу цасдӕр ницыуал сдзырдта, стӕй загъта: «Ӕз ӕй зонын: Хуыцау дӕ фесафын сфӕнд кодта, кӕд ды ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕныс ӕмӕ дӕ мӕ уынаффӕмӕ байхъусын нӕ фӕнды, уӕд».


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Ӕмӕ загътон: куырыхондзинад хъаруйӕ хуыздӕр у, фӕлӕ мӕгуыр лӕджы куырыхон зонд нымады дӕр никӕмӕ у, йӕ ныхӕстӕм ын ничи хъусы.


Ахикамы фырт Гедалиайы амарыны фӕстӕ Нетаниайы фырт Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕмы се ’ппӕты дӕр Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттӕ Гивонӕй ракодтой: ӕфсӕддонты, сылгоймӕгты, сывӕллӕтты, евнухты.


Йеремиа фӕсидти Кареахы фырт Йохананмӕ, йе ’фсады хицӕуттӕй алкӕмӕ дӕр, стӕй ӕппӕт адӕммӕ, стырӕй, чысылӕй.


Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой, сӕ фыдракӕндтӕ нӕ уагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн будсудзӕн кодтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan