Йеремиа 43:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 уӕд ын Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ Кареахы фырт Йоханан, стӕй ма дзы къӕйных лӕгӕй чи уыди, уыдон се ’ппӕт дӕр загътой: «Сайгӕ кӕныс! Нӕ дӕ рарвыста Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цӕмӕй нын, Мысырмӕ ма ацӕут ӕмӕ уым ма ’рцӕрут, зӕгъгӕ, дзурай. Faic an caibideil |
Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.