13 Мысыры цы Хуры кувӕндон ис, уымӕн йӕ цӕджындзтӕ ныззыгуым кӕндзӕн, мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ басудздзӕн“».
Фараон Йосефыл сӕвӕрдта ном Цафнат-Панеах. Усӕн ын радта Аснаты, Оны сауджын Поти-Перы чызджы. Ӕмӕ афтӕмӕй Йосеф сси ӕгас Мысыры хицау.
Рагуац Мысыры тыххӕй. Дунедарӕг рог ӕврагъыл ӕртӕхдзӕни Мысырмӕ. Ӕмризӕджы нырриздзысты Йӕ цуры Мысыры мӕнгхуыцӕуттӕ, ӕмӕ Мысырӕн асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Уыцы заман Мысыры сахартӕй фондз райдайдзысты дзурын ханаанӕгты ӕвзагыл. Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн расомы кӕндзысты, иузӕрдион Ыл кӕй уыдзысты, уый тыххӕй; сахартӕй иу схондзысты Хуры сахар.
Афӕлдӕхтысты мӕнг хуыцӕуттӕ, сӕхи нал фӕрӕзтой ӕмӕ сӕ уӕрджытыл ӕрхаудысты дыууӕйӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй уацармӕ ласт ӕрцыдысты.
Зӕгъут сын: «Арв ӕмӕ зӕхх цы гуымирытӕ не сфӕлдыстой, уыдон фӕдӕлдзӕх уыдзысты».
фараон — Мысыры паддзах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмӕн,
Ӕз басудздзынӕн мысыраг хуыцӕутты кувӕндӕттӕ, сӕ хуыцӕутты сын паддзах райсдзӕн ӕфтиагӕн. Фыййау йӕ пӕлӕз куыд скӕны, афтӕ Мысыры зӕхх йӕ уӕлӕ ӕркӕндзӕн ӕмӕ ӕнӕхъыгдардӕй ацӕудзӕн.
Иудейӕгтӕй мысыраг сахартӕ Мигдол, Тахпанхес, Ноф ӕмӕ Патросы чи ’рцарди, уыдоны тыххӕй Дунедарӕг Йеремиайӕн загъта:
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Ӕз бафхӕрдзынӕн Нойы цӕрӕг Амоны, стӕй фараоны, Мысыры зӕхх ӕгасӕй дӕр, йӕ паддзӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуыцӕутты, фараоныл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдоны се ’ппӕты дӕр.
Йӕ бӕхты сӕфтджытӕй дын бассӕндзӕни дӕ уынгтӕ, дӕ адӕмы дын кардӕй ныццӕгъддзӕн, дӕ хъомысы цыртдзӕвӕнтӕ та дын афӕлдахдзӕн зӕххыл.
Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз ныппырх кӕндзынӕн Мысыры гуымирытӕ, кӕрон скӕндзынӕн Нофы мӕнгхуыцӕуттӕн. Мысыры бӕстӕйы нал сӕнтысдзӕни барджын ӕлдар, йӕ адӕмыл та йын ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн.
Он ӕмӕ Пи-Бесеты фӕсивӕд карды амӕттаг бауыдзысты, сахартӕн сӕ иннӕ адӕмы та уацары райсдзысты.
Паддзахады хуыцаугӕндтӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ, алыхуызон хӕзнатӕ, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — алцыдӕр йӕхи бакӕндзӕн. Мысырмӕ сӕ аласдзӕн ӕмӕ цалдӕр азы цӕгаты паддзахы нал бахъыгдардзӕн.