Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 43:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕрбацӕудзӕн ӕмӕ Мысыры зӕхх сафтид кӕндзӕн: мӕлинаг чи у, уыдон амӕлдзысты; уацар кӕмӕ кӕсы, уыдон уацары ацӕудзысты; кард кӕмӕ кӕсы, уыдон карды цӕфӕй фӕмард уыдзысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 43:11
15 Iomraidhean Croise  

Ӕнаккагӕн ахӕм хъысмӕт сныв кодта Хуыцау, уый йын — Хуыцауы тӕрхон».


Кӕдӕм ацӕуӕм, зӕгъгӕ дӕ куы бафӕрсой, уӕд-иу сын ды Дунедарӕджы номӕй афтӕ зӕгъ: мӕлӕт кӕмӕ кӕсы, уый йӕ мӕлӕт ссарӕд; кард кӕмӕ кӕсы, уый карды цӕфӕй амӕлӕд; стонг бавзарын кӕй хъӕуы, уый стонгӕй мӕлӕд; уацар кӕмӕ кӕсы, уый уацары ацӕуӕд.


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау мын загъта: «Айс Мӕ къухӕй ацы кӕхц, йӕ мидӕг ис Мӕ масты сӕн. Цы адӕмтӕм дӕ арвитдзынӕн, уыдонӕн дзы се ’ппӕтӕн дӕр бадар.


фараон — Мысыры паддзах, йӕ лӕггадгӕнджытӕ, йӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ йе ’ппӕт адӕмӕн,


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Йерусалимы сахар куыд бафхӕрдтон, афтӕ, Мысыры зӕххыл чи ’рцарди, уыцы иудейӕгты дӕр кард, стонг ӕмӕ рынӕй бафхӕрдзынӕн.


Дыууиссӕдз азы дӕргъы дзы ничиуал ӕрцӕрдзӕни, налдӕр ыл адӕймаджы къах ӕрлӕудзӕн, налдӕр — фосы къах.


Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.


Уый фӕстӕ зӕгъдзынӕн: „Нал уӕ хизын: мӕлинаг чи у, уый амӕлӕд; сӕфинаг чи у, уый фесӕфӕд; чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та кӕрӕдзийы фыдтӕ бахӕрӕнт“.


Уацары цӕугӕ кӕмӕн у, уый ацӕудзӕн уацары. Кардӕй амӕлгӕ кӕмӕн у, уый амӕлдзӕни кардӕй. Уый афтӕ амоны: сыгъдӕджытӕ хъуамӕ уой фӕразон ӕмӕ иузӕрдион.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan