Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 43:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йеремиа адӕмӕн Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, ныхӕстӕ, цыдӕриддӕр ын бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр куы фехъусын кодта,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 43:1
15 Iomraidhean Croise  

Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.


Моисей адӕммӕ бацыд ӕмӕ сын Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Адӕм ӕмдзыхӕй загътой: «Дунедарӕг цы зӕгъа, уый ӕххӕст кӕндзыстӕм».


Ӕрцӕттӕ кӕн дӕхи, цӕугӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхстон, уыдӕттӕ сын фехъусын кӕн. Ма сӕ фӕтӕрс, науӕд дӕ фесафдзынӕн сӕ разы.


Фӕлӕ мын Дунедарӕг загъта: «Ӕвзонг дӕн, зӕгъгӕ, ма дзур; кӕдӕм дӕ ӕрвитон, уырдӕм цӕудзынӕ ӕмӕ дын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ дзурдзынӕ.


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Дунедарӕджы хӕдзары кӕрты ӕрлӕуу ӕмӕ, Иудейы сахарты цӕрджытӕн, бакувынмӕ чи ӕрбацыди, уыдонӕн, цыдӕриддӕр дын бафӕдзӕхсон, уыдӕттӕ иууылдӕр фехъусын кӕн, иу дзырд дӕр дзы ма фӕуадз.


Куыддӕр Йеремиа, Дунедарӕг ын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон адӕмӕн фехъусын кодта, афтӕ йӕм сауджынтӕ, пехуымпартӕ ӕмӕ иннӕ адӕм фӕлӕбурдтой ӕмӕ ныхъхъӕр кодтой: «Ды маринаг дӕ!


Уыдон Дунедарӕгыл цъыфкалӕн кодтой ӕмӕ дзырдтой: „Дунедарӕг нӕй! Ницы фыдбылыз ныл ӕрцӕудзӕн, нӕдӕр кард, нӕдӕр стонг бавзардзыстӕм“.


Куыддӕр чиныг бакӕсай, афтӕ-иу ыл дур бабӕтт ӕмӕ йӕ Евфраты астӕумӕ фехс.


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Уымӕн ӕмӕ ӕз алцыдӕр сарӕзтон, цӕмӕй уын Хуыцауы фӕндон фехъусын кӕнон ӕххӕстӕй.


«Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут».


Паддзахы сӕвӕрын дзы чи домдта, уыцы Самуел рафӕзмыдта Дунедарӕджы ӕппӕт ныхӕстӕ дӕр


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan