Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 42:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уыцы ныхас хорз уа ӕви ӕвзӕр — байхъусдзыстӕм Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, Кӕмӕ дӕ ӕрвитӕм, Уымӕ. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, куы хъусӕм, уӕд фарнӕй схайджын уыдзыстӕм».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 42:6
16 Iomraidhean Croise  

ме ме ’взонджы бонтӕй мӕ бирӕтӕ ссӕстой, фӕлӕ мыл нӕ фӕтых сты.


Стӕй райста Фидыды уагӕвӕрдты чиныг ӕмӕ йӕ хъӕрӕй бакаст адӕмӕн. Адӕм загътой: «Дунедарӕгмӕ хъусдзыстӕм, ӕххӕст кӕндзыстӕм, цыдӕриддӕр нын бафӕдзӕхста, уый».


Зӕгъут рӕстудӕн, тӕхудиаг кӕй у: йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын рардӕуыдзӕн.


Цӕмӕй дӕ нӕзытӕй ӕппӕлай, уый тыххӕй сдӕ паддзах? Дӕ фыд дӕр хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ кодта, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕ раст уыдысты! Рӕстдзинады фӕдыл цыд ӕмӕ ӕнӕмастӕй царди.


Кареахы фырт Йоханан, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ адӕм се ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ байхъуыстой ӕмӕ Иудейы нӕ баззадысты.


Ӕрмӕст сын бафӕдзӕхстон: „Мӕ ныхасмӕ Мын хъусут, ӕмӕ Ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау, сымах та — Мӕ адӕм. Цы уын фӕдзӕхсон, уыдӕттӕ кӕнут ӕмӕ ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут“.


Уӕдӕ мын, ау, уыцы хорз ӕрхаста мӕлӕт? Ницы хуызы! Уый тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ уымӕй йе ’цӕг цӕсгом равдыста: уыцы хорзӕй спайда кодта ӕмӕ мын мӕлӕт ӕрхаста. Уӕдӕ афтӕ: фӕдзӕхсты руаджы ноджы тынгдӕр рабӕрӕг ис, тӕригъӕд куыд тӕригъӕдджын у, уый.


Уӕдӕ ныр цы зӕгъӕм? Ау, Ӕгъдауӕй цӕуы тӕригъӕд? Ницы хуызы! Фӕлӕ Ӕгъдау куынӕ уаид, уӕд, тӕригъӕд цы у, уый ӕз нӕ зыдтаин. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдау куынӕ фӕдзӕхстаид «Ма бабӕлл», уӕд нӕ зыдтаин, бабӕллын цы нысан кӕны, уый.


Тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕды цы фӕнды, уымӕ тырнӕг Хуыцауӕн знаг у, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы ӕгъдауӕн нӕ сӕтты, стӕй йӕ бон басӕттын дӕр нӕу.


Ды хӕстӕг бацу ӕмӕ хъус, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый фӕстӕ нын радзурдзынӕ, Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, цыдӕриддӕр зӕгъа, ӕппӕт уыдӕттӕ, мах та сӕм хъусдзыстӕм ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕндзыстӕм“.


Тӕхуды, сӕ зӕрдӕты ӕцӕгдӕр тас куы уаид Мӕнӕй, ӕмӕ Мын кӕддӕриддӕр Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕниккой, цӕмӕй сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр амондджын уой мыггагмӕ!


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Адӕм Йешуайӕн загътой: «Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, кӕндзыстӕм лӕггад ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсдзыстӕм».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan