19 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕг уын афтӕ зӕгъы: «Ма ацӕут Мысырмӕ». Зонут: уый уын ӕз абон рагацау фӕдзӕхсын.
Уый сӕм Йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ фӕстӕмӕ Дунедарӕгмӕ раздахой, ӕмӕ-иу пехуымпартӕ сӕ ныхмӕ дзырдтой, фӕлӕ сӕм уыдон нӕ хъуыстой.
Сызмӕстой ӕмӕ ралӕууыдысты Дӕ ныхмӕ, Де ’Гъдауӕй Дын се ’ргом аздӕхтой. Уӕ Хуыцаумӕ скӕсут, зӕгъгӕ, Дӕумӕ раздӕхыны тыххӕй сын чи лӕгъстӕ кодта, Дӕ уыцы пехуымпарты марыныл нӕ ауӕрстой, Дӕуыл цъыф калыныл нӕ ауӕрстой.
Хъалагъур сын дзуапп дӕтты: «Сӕумӕрайсом у, фӕлӕ ӕхсӕв нӕма фӕци. Кӕд ма уӕ ноджы бафӕрсын фӕнды, уӕд-иу ӕрбацӕут ногӕй ӕмӕ фӕрсгӕ кӕнут».
Сахарӕй рацӕуыныл куы не сразы уай, уӕд та, Дунедарӕг мын цы раргом кодта, уымӕ байхъус:
Фӕлӕ уыцы паддзах йӕ ныхмӕ сыстад. Мысырмӕ арвыста минӕвӕрттӕ, цӕмӕй йын раттой бӕхтӕ ӕмӕ бирӕ адӕм. Ӕцӕг ын ницы бантысдзӕн. Нӕ аирвӕздзӕн, уыдӕттӕ чи аразы, уый. Йӕ фидыд чи фехӕлдта, уый куыд хъуамӕ аирвӕза?“»
Чи зоны, ӕмӕ дӕм байхъусой, чи зоны та — нӕ, уымӕн ӕмӕ ӕгоммӕгӕс адӕм сты, фӕлӕ уадз ӕмӕ зоной, се ’хсӕн пехуымпар кӕй уыд, уый.
Ӕцӕг, тӕригъӕды ма бацӕуа, зӕгъгӕ, раст адӕймагӕн зонд куы бацамонай, ӕмӕ уый тӕригъӕд ми куынӕ сараза, уӕд удӕгасӕй баззайдзӕни уый дӕр, раст зонд ын кӕй бацамындӕуыд, уый фӕрцы, ӕмӕ ды дӕр дӕ уд фервӕзын кӕндзынӕ».
Цӕмӕ нӕ кӕны Дунедарӕг уыцы бӕстӕм? Цӕмӕй кардылӕфтыд фӕуӕм? Цӕмӕй нӕ устытӕ ӕмӕ нӕ сабитӕ уацары бахауой? Фӕлтау фӕстӕмӕ Мысырмӕ куы аздӕхиккам, уӕд нын хуыздӕр нӕ уаид?»
Петр сын дзырдта бирӕ ӕндӕр ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм сидти: «Уӕхи бахизут ацы хӕлд фӕлтӕримӕ фесӕфынӕй».
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын ӕмӕ Бардарӕджы номӕй фӕдзӕхсын, цӕмӕй мауал цӕрат, муртаттӕгтӕ сӕ рӕузонды аххосӕй куыд цӕрынц, афтӕ.
Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“
Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».
Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй сымахӕй уыцы хъуыддаджы йе ’фсымӕры тӕригъӕды мачи бацӕуа ӕмӕ йӕ ма асайа йӕхи пайдайӕн. Уымӕн ӕмӕ уын мах раздӕр куыд дзырдтам ӕмӕ уӕ рагацау куыд фӕдзӕхстам, афтӕ ӕппӕт уыдӕтты тыххӕй адӕймаг ӕфхӕрд баййафдзӕн.