Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 42:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мӕ судзгӕ маст Йерусалимы цӕрджытыл куыд ныккалд, афтӕ сымахыл дӕр ныккӕлдзӕн, Мысырмӕ куы бацӕуат, уӕд. Ӕлгъитдзысты уӕ, уӕ уындӕй адӕмыл стыр тас ӕфтаудзыстут. Сӕгад уыдзыстут, уӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх никуыуал фендзыстут».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 42:18
38 Iomraidhean Croise  

Мӕн кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй сыл Мӕ масты цӕхӕр ныккӕлдзӕн ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн!“


Фӕлӕ фӕхудинаг уыдзысты ахӕм сӕрылхӕцӕгимӕ, сӕгад уыдзысты Мысыры базыры бын.


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Сӕ зӕхх адӕмыл ӕвирхъау тас ӕфтаудзӕн, мыггагмӕ сӕгад уыдзӕн! Сӕ рӕзты чи фӕцӕйцӕуа, уый-иу, йӕ сӕр ӕнкъусгӕйӕ, стыр дисы бафтдзӕн.


Ацы зӕхмӕ раздӕхынмӕ бӕллут, фӕлӕ уын уый нӕ бантысдзӕн.


Ӕнусмӕ уӕ сӕгад кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн суыдзысты стыр тас ӕмӕ бӕллӕхы ӕвирхъау дӕнцӕг, кӕдӕм сӕ фӕсурон, уыцы бӕстӕты ӕгад ӕмӕ фидиссаг суыдзысты, хынджылӕг сӕ кӕндзысты ӕмӕ сӕ ’лгъитдзысты.


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


уӕд Ӕз ацы хӕдзарӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн, ацы сахар ӕппӕт зӕххы адӕмтӕ куыд ӕлгъитой, афтӕ“».


Сӕ фӕдыл кард, стонг ӕмӕ рынимӕ зилдзынӕн, ӕппӕт зӕххон паддзахӕдтӕн ӕнӕуынон суыдзысты. Цы адӕмтӕм сӕ фӕсурдзынӕн, уыдоны ’хсӕн сӕ ӕлгъитдзысты, стыр тасы бацӕудзысты сӕ уындӕй, ӕлгъаг ӕмӕ хынджылӕггаг суыдзысты,


Ӕмӕ-иу уый фӕстӕ Вавилоны цӕрӕг хаст иудейӕгтӕ, кӕрӕдзийы куы ӕлгъитой, уӕд дзурдзысты: „Дунедарӕг дын, Вавилоны паддзах арты кӕй сфизонӕг кодта, уыцы Цедекиа ӕмӕ Ахавы хъысмӕт бавзарын кӕнӕд!“


сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны иууылдӕр фесафдзынӕн. Се ’ппӕт дӕр Мысыры амӕлдзысты, кард ӕмӕ стонгӕй се сӕфт ссардзысты, стырӕй, чысылӕй. Адӕмтӕ сӕ ӕлгъитдзысты, сӕ уындӕй сӕ стыр тасы ӕфтаудзысты, сӕгад уыдзысты, ӕмӕ сӕ худинаджы кой айхъуысдзӕн.


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


Ӕмӕ сыл уӕд Мӕ судзгӕ маст ныккалди, Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты пиллон артӕй ссыгъд, хӕлддзӕгтӕ ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестадысты.


Уӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ цӕмӕн мӕсты кӕнут? Мысыры зӕххыл, ӕрцӕрынмӕ кӕдӕм ӕрбацыдыстут, уым ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд цӕмӕн судзут? Фесафдзыстут уӕхи! Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ уӕ иууылдӕр ӕлгъитдзысты, фӕхудинаг уыдзыстут се ’хсӕн.


Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау!


Йӕ хӕдзар сафтид кодта мусонгау, ныззыгуым кодта Йе ’мбырдты бынат! Бӕрӕгбӕттӕ ’мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ Сионы рох ӕрцыдысты Йӕ фӕндонӕй. Фыр мӕстӕй Йе ’ргом аздӕхта паддзах ӕмӕ сауджынӕй.


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!


Ракӕндзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ ӕмӕ цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Мӕ хъомыс ӕвзаргӕйӕ, Мӕ къухӕй ӕвзидгӕйӕ ӕмӕ Мӕ азар ӕххуырсгӕйӕ.


Куынцгомы ӕвзист куыд атайы, афтӕ атайдзыстут Мӕ карз пиллоны мидӕг ӕмӕ уӕд базондзыстут, Мӕ азар уыл Ӕз, Дунедарӕг, кӕй ныххуырстон, уый».


Ӕгас Израил дӕр Дӕ Ӕгъдауы сӕрты ахызт, цӕмӕй Дӕм ма хъуса. Ӕмӕ ныл уӕд, Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы, Моисейы Ӕгъдауы цы ’лгъыстытӕ фыст ис, уыдон ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стӕм Хуыцауы раз.


Ӕрбабырсӕг фӕтӕг бирӕтимӕ авд азы ӕмгъуыдмӕ бафидаудзӕн ӕмӕ, цалынмӕ авд азы иу ӕмбис рацӕуа, уӕдмӕ Кувӕндоны ӕмгӕрон хуынтӕ ӕмӕ нывӕндтӕ нал уадздзӕн. Кувӕндоны ралӕудзӕни ӕлгъаг заууат, цалынмӕ гӕныстонгӕнӕгӕн йе сӕфт ӕрцӕуа, уӕдмӕ, рагацау куыд нысангонд уыд, афтӕ».


Се ’ргом здахынц, фӕлӕ Иууылбӕрзондмӕ нӕ! Чи ныззылын ӕмӕ йӕ мысаныл чи нӕ сӕмбӕлы, ахӕм фаты хуызӕн систы. Сӕ къӕйных ныхӕсты тыххӕй се ’лдӕрттӕ карды амӕттаг бауыдзысты, ӕмӕ сыл мысырӕгтӕ сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты.


Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!


Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм! Сымах ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг уыдыстут, фӕлӕ уӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ суыдзыстут арфӕгонд. Ма тӕрсут! Уӕ ныфс ма фӕцудӕд!»


Уыцы дон ын куы бадара, уӕд, кӕд ӕмӕ сылгоймаг йӕхи ӕцӕгӕй фӕчъизи кодта ӕмӕ йӕ лӕгыл гадзрахатӕй рацыд, уӕд уыцы ӕлгъыст дон йӕ хуылфы низӕй ацӕудзӕн — йӕ гуыбын ныддымсдзӕн, йӕ сывӕр федде уыдзӕн, ӕмӕ ӕлгъыстаг фӕуыдзӕн сылгоймаг адӕмы ’хсӕн.


уый Хуыцауы азары кӕхцӕй нуаздзӕн, ӕндӕр истӕимӕ хӕццӕ чи нӕу, Йӕ уыцы фыдӕхы сӕнӕй ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты ӕмӕ Уӕрыччы раз хъизӕмар кӕндзӕни сондон арты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan