Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 42:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх сыл ӕруадздзынӕн, уымӕй нӕ фервӕздзӕн».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 42:17
7 Iomraidhean Croise  

Кардӕй сӕ ныццӕгъддзынӕн, стонг ӕмӕ сын рын бавзарын кӕндзынӕн, цалынмӕ, сӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ сын сӕхицӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕй бынтондӕр фесӕфой, уӕдмӕ».


«Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: „Ацы сахары чидӕриддӕр баззайа, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзысты. Халдейӕгты къухтӕм йӕхи чи радта, уыдон та удӕгасӕй баззайдзысты ӕмӕ хорзӕхӕн цард айсдзысты.


уӕд байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕ! Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мысырмӕ цӕуын куы сфӕнд кӕнат, куы ацӕуат ӕмӕ уым куы ’рцӕрат,


Ӕрмӕстдӕр дзы иуӕй-иутӕ аирвӕздзысты кардӕй ӕмӕ Мысыры зӕххӕй Иудеймӕ раздӕхдзысты. Ӕмӕ уӕд, Мысырмӕ цӕрынмӕ чи ’рбацыди, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕза, уыдон базондзысты, Мӕн ӕви уыдоны ныхас сӕххӕст ис, уый.


Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan