Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 42:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 уӕд, цы кардӕй тӕрсут, уый уӕ уым, Мысыры зӕххыл, баййафдзӕн, ӕмӕ уыцы ран амӕлдзыстут.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 42:16
13 Iomraidhean Croise  

Куырыхонтимӕ куы балымӕн уай, уӕд дӕхӕдӕг дӕр куырыхон суыдзынӕ, ӕдылытимӕ куы баиу уай, уӕд та фыдбылызы бахаудзынӕ.


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


Халдейӕгтӕй тарстысты, уымӕн ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаел кӕй амардта, уыцы Гедалиайы, Ахикамы фырты, бӕстӕйы сӕргъы Вавилоны паддзах йӕхӕдӕг сӕвӕрдта.


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхасмӕ куынӕ байхъусат ӕмӕ афтӕ куы зӕгъат: нӕ, мах ацы зӕххыл нӕ цӕрдзыстӕм, Мысырмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ уым хӕст нӕ фендзыстӕм, сыкъауадындзы хъӕлӕс нӕ фехъусдзыстӕм ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстӕм»,


Ӕз уӕм ӕдзухдӕр Мӕ цӕст дардзынӕн — уӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ уӕ фыдбылызӕн! Иудейӕгтӕ Мысыры зӕххыл кард ӕмӕ стонгӕй мӕлдзысты, цалынмӕ бынтон фесӕфой, уӕдмӕ.


Кардӕй тӕрсут, ӕмӕ уӕ Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».


Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл се ’ппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ нын нӕ ацы уаз бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕндзысты».


Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.


Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут.


Ацы ӕлгъыстытӕ уыл иууылдӕр ӕрцӕудзысты. Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ кӕй нӕ кастыстут, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Йын Йӕ фӕтк кӕй не ’ххӕст кодтат, уый тыххӕй уӕ фӕдыл ӕфтыд уыдзысты ӕмӕ уӕ уӕгъд не суадздзысты, цалынмӕ бындзагъд фӕуат, уӕдмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan