Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 42:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 уӕд байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ, Иудӕйы байзӕддӕгтӕ! Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: «Мысырмӕ цӕуын куы сфӕнд кӕнат, куы ацӕуат ӕмӕ уым куы ’рцӕрат,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 42:15
8 Iomraidhean Croise  

афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доны сӕрты ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


Мысырмӕ ацӕуын ӕмӕ уым ӕрцӕрын чи сфӕнд кодта, уыдон кард, стонг ӕмӕ рынӕй фесӕфдзысты. Иу дӕр сӕ удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх сыл ӕруадздзынӕн, уымӕй нӕ фервӕздзӕн».


Уый фӕстӕ Йеремиа ӕгас адӕмӕн, стӕй сылгоймӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: Мысыры цӕрӕг иудейӕгтӕ, уе ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ныхасмӕ байхъусут!


ӕгас паддзахад басӕттын сфӕнд кӕндзӕн. Йе знагимӕ бафидаудзӕн ӕмӕ йын цӕмӕй йӕ паддзахады хъомыс басӕтта, уый тыххӕй йын йӕ чызджы ратдзӕн. Фӕлӕ йӕ фӕнд нӕ сӕххӕст уыдзӕн, йӕхицӕн дзы ӕппындӕр ницы спайда кӕндзӕн.


Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын.


Ӕрмӕст паддзах бирӕ бӕхтӕ ма скӕнӕд йӕхицӕн ӕмӕ адӕмы фӕстӕмӕ Мысырмӕ ма арвитӕд, цӕмӕй йӕ бӕхтӕ ноджы фӕфылдӕр уой, уымӕн ӕмӕ уын Дунедарӕг афтӕ загъта: „Уыцы фӕндагыл фӕстӕмӕ макуыуал аздӕхут!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan