Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 41:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Фӕлӕ дзы дӕс лӕджы Измаелӕн балӕгъстӕ кодтой: «Ма нӕ амар! Махӕн быдыры ис ӕмбӕхсӕнтӕ, уым ис мӕнӕу, хъӕбӕрхор, оливӕйы сой ӕмӕ мыд». Ӕмӕ сӕ уӕд Измаел иннӕтау нал амардта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 41:8
9 Iomraidhean Croise  

«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.


Хъӕздыг адӕймаг йӕ мулчы фӕрцы мӕлӕтӕй фервӕзы, фӕлӕ мӕгуыр лӕг уайдзӕф дӕр нӕ фехъусдзӕн.


Дӕ къухмӕ ратдзынӕн дунейы мулк, арф ӕмбӕхст хӕзнатӕ. Ӕмӕ уӕд фендзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, Израилы Хуыцау, ӕмӕ дӕм дӕ номӕй кӕй дзурын, уый.


Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта.


Адӕймаг дуне ӕгасӕйдӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? Кӕнӕ йӕм, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй цы разындзӕни?


Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут нӕдӕр, цы бахӕрат ӕмӕ цы бануазат, ууыл, нӕдӕр дарӕсыл. Ау, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та — дарӕсӕй?


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan