Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 41:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 41:5
28 Iomraidhean Croise  

Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.


Бӕстӕйы хицау хивваг Хаморы фырт Шехем ӕй куы федта, уӕд ӕй аскъӕфта ӕмӕ йын батых кодта.


Иуахӕмы Йосефы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фос хизынмӕ ацыдысты Шехемы быдыртӕм.


Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, сӕ боцъотӕ сын ӕрдӕгмӕ ныддаста, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта.


Роховам фӕцыди Шехеммӕ, уымӕн ӕмӕ уырдӕм ӕрӕмбырд сты ӕппӕт Израилы адӕм, цӕмӕй йӕ спаддзах кӕной.


Йоровам Ефремы къуылдымтыл рацарӕзта Шехемы сахар ӕмӕ уым ӕрцард. Фӕстӕдӕр уырдыгӕй рацыд ӕмӕ рацарӕзта сахар Пенуел.


Амри Семерӕй ӕвзисты дыууӕ талантӕй балхӕдта Самарийы къуылдым, сарӕзта йыл сахар ӕмӕ йӕ схуыдта Самари, йӕ раздӕры хицау Семеры номыл.


Амрийы фырт Ахав Израилы паддзах сси иудейаг паддзах Асайы паддзахиуӕджы ӕртын ӕстӕм аз. Самарийы сахары Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ ссӕдз азы.


ӕмӕ басыгъта Дунедарӕджы Кувӕндон, паддзахы галуан, стӕй стыр хӕдзӕрттӕ иууылдӕр.


Уӕд Ханун Давиды ӕрвыст лӕгтыл ӕрхӕцыди, ныддаста сӕ, сӕ дарӕс сын, се ’рбадӕнтӕ куыд разыной, афтӕ фӕччитӕй астӕуы онг ачъепп ласта ӕмӕ сӕ афтӕмӕй ауагъта.


Уымӕн ӕмӕ нын зоны не сконд, сыджыт кӕй стӕм, уый Дзы нӕ рох кӕны.


Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.


Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.


Дыккаг бон, Гедалиайы кӕй амардтой, уый куы ничима базыдта, уӕд


Газӕ, хъыггӕнгӕ, адасдзӕн йӕ сӕр, ныхъхъус уыдзӕн Ашкелон. О, дӕлвӕзы ма чи аирвӕзт, уыдон! Уӕ буӕрттӕ кӕдмӕ лыгтӕ кӕндзыстут?»


— Уӕдӕ ацӕут Силоммӕ, Мӕ номӕн раздӕр цы бынат снысан кодтон, уырдӕм: Мӕ адӕмы, Израилы, фыдракӕндты тыххӕй Силомӕн цытӕ бакодтон, уый фенут.


уый тыххӕй Ӕз, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис ӕмӕ уӕ зӕрдӕ кӕуыл дарут, уымӕн, стӕй, сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн кӕй радтон, уыцы зӕххӕн, Силомӕн цы бакодтон, уый бакӕндзынӕн!


Уӕ дарӕс нӕ, фӕлӕ уӕ зӕрдӕтӕ арӕдувут фӕйнӕрдӕм!» Раздӕхут уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ Уый барон ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг, бирӕбыхсаг ӕмӕ хӕларзӕрдӕ у, фыдбылыз ӕруадзыны фӕнд аивдзӕнис ӕхсызгонӕй.


Сымах Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, байзӕддаг стут ӕмӕ сау дарыны нысанӕн ма лыгтӕ кӕнут уӕ буар, уӕ ныхы сӕрмӕ булкъдаст ма кӕнут уӕ хил.


Израилы адӕм ӕрӕмбырд сты Силомы ӕмӕ уым ӕрӕвӕрдтой Хуыцауимӕ Фембӕлды Цатыр. Уӕдмӕ бӕстӕ иууылдӕр сӕ къухы уыд.


Израилӕгтӕ Йосефы стджытӕ дӕр, Мысырӕй семӕ кӕй рахастой, уыдон, баныгӕдтой Шехемы, Йаков Шехемы фыд Хаморы фырттӕй сӕдӕ ӕвзист ӕхцайӕ кӕй балхӕдта ӕмӕ Йосефы байзӕддагӕн фыдӕй-фыртмӕйы исбон чи сси, уыцы зӕххы хайы.


Уыдон, Миха кӕй сарӕзта, уыцы кӕрдгӕныв сӕхимӕ сӕвӕрдтой, ӕмӕ, цалынмӕ Хуыцауы хӕдзар Силомы уыди, уӕдмӕ уыдис уыдонмӕ.


Иеруббаалы фырт Авимелех Шехемы сахармӕ йе ’фсымӕртӕм ӕрцыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йе ’ппӕт мыггагӕн загъта:


Афтӕ уыди ӕрвылаз дӕр: Аннӕ-иу Дунедарӕджы хӕдзармӕ куы ссыди, уӕд ӕй Пениннӕ ӕнӕ бафхӕргӕ никуы ныууагъта. Иуахӕмы та Аннӕ куыдта, йӕ дзыхмӕ комдзаг нал иста,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan