4 Дыккаг бон, Гедалиайы кӕй амардтой, уый куы ничима базыдта, уӕд
Гедалиаимӕ Мицпайы сахары цы иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейаг ӕфсӕддонтӕ уыди, уыдоны Измаел се ’ппӕты дӕр ныццагъта.
Шехем, Силом ӕмӕ Самарийӕ Мицпамӕ ӕрбацыдысты цыппарыссӕдз лӕджы. Сӕ боцъотӕ уыдысты даст, сӕ дарӕстӕ — фӕйнӕрдӕм рӕдывд, сӕ буӕрттӕ — лыгтӕ. Уыдон Дунедарӕджы хӕдзармӕ хойраджы хуынтӕ ӕмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ фӕцӕйхастой.
Давид-иу нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй се ’ппӕты дӕр амардта. Гатмӕ-иу дзы никӕй ӕрбакодта, науӕд, дам, нӕ банымудздзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Афтӕ ӕмӕ афтӕ бакодта Давид». Ахӕм хъуыддӕгтыл хӕст уыд ӕдзухдӕр Давид, филистимӕгты зӕххыл куы царди, уӕд.