Йеремиа 41:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой. Faic an caibideil |
Йеремиа иуварс нӕма ацыд, афтӕ ма Невузардан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ахикамы фырт Гедалиамӕ, Шафаны фырты фыртмӕ, ацу. Вавилоны паддзах ӕй Иудейы сахартӕн хицауӕй сӕвӕрдта. Йӕ разы, йӕ адӕмы ’хсӕн цӕр, науӕд та, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу». Уый фӕстӕ йын хъахъхъӕнджыты хицау фӕсауӕрцӕн хӕринаг радта ӕмӕ йӕ ауагъта.