15 Фӕлӕ Нетаниайы фырт Измаел аст лӕгимӕ Йохананӕй аирвӕзт ӕмӕ аммонӕгты зӕхмӕ алыгъди.
Фӕлӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕй Елишамайы фырт Нетаниайы фырт Измаел, паддзӕхты мыггагӕй, Гедалиайы уӕлхъус ӕрбалӕууыди дӕс лӕгимӕ ӕмӕ амардта уый дӕр ӕмӕ, уым, Мицпайы, йемӕ иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейӕгтӕй чи уыд, уыдоны дӕр.
бӕллӕхы бон фыдгӕнӕг ӕнӕхъыгдардӕй баззайы, Азары бон ацӕуы йӕ иувӕрсты.
Тугныккалды аххосджын чи у, уый йӕ мӕлӕты бонмӕ рахау-бахау фӕкӕндзӕн. Чи йӕ суазӕг кӕна, ахӕм адӕймаджы макуы ссарӕд!
Измаел Мицпайӕ уацары кӕй акодта, уыцы адӕм иууылдӕр фӕстӕмӕ здӕхынмӕ фесты ӕмӕ Кареахы фырт Йохананимӕ баиу сты.
уӕд Нетаниайы фырт Измаел ӕмӕ, йемӕ цы дӕс лӕджы уыди, уыдон ӕвиппайды фестадысты ӕмӕ Ахикамы фырт Гедалиайы, Шафаны фырты фырты, кардӕй барӕхуыстой — Вавилоны паддзах бӕстӕйы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, уый амардтой.
Сакъадахы цӕрджытӕ йын йӕ цонгыл калмы ауыгъдӕй куы федтой, уӕд кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Ацы адӕймаг, ӕнӕгуырысхойӕ, лӕгмар у. Денджызӕй фервӕзт, фӕлӕ йын раст тӕрхоны сылгоймаг-хуыцау удӕгасӕй баззайыны бар нӕ дӕтты».
Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.