Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 41:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 41:10
13 Iomraidhean Croise  

Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы лӕджы, цотӕй хай кӕмӕн нӕй, ахӕмыл банымайут, цӕрӕнбонты уыдзӕн ӕнамонд. Йӕ байзӕддӕгтӕй иу дӕр амондджын нӕ уыдзӕн, уыдонӕй Давиды паддзахы бадӕны ничи сбаддзӕн ӕмӕ Иудейы паддзахиуӕг нӕ кӕндзӕн».


Дӕ устытӕ ӕмӕ дын дӕ фыртты халдейӕгтӕм акӕндзысты, ӕмӕ дӕхӕдӕг дӕр сӕ къухтӕй нӕ аирвӕздзынӕ. Вавилоны паддзах дӕ ӕрцахсдзӕн, ацы сахар та сыгъд ӕрцӕудзӕни».


Ривлайы сахары вавилойнаг паддзах Цедекиайӕн йӕ фыртты амарын кодта йӕхи раз, иудейаг уӕздӕтты се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


ӕмӕ йын загътой: «Ау, нӕ йӕ зоныс, аммонӕгты паддзах Баалис Нетаниайы фырт Измаелы дӕу амарынмӕ рарвыста, уый?» Фӕлӕ сыл Ахикамы фырт Гедалиа нӕ баууӕндыд.


Сӕ адӕмимӕ ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ фехъуыстой, Вавилоны паддзах Ахикамы фырт Гедалиайы Иудейы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын, бӕстӕйы ӕппӕты мӕгуырдӕр чи уыд, Вавилонмӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уыдоны усӕй, лӕгӕй, сывӕллонӕй йӕ бар кӕй бакодта, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan