Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 41:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы азы ӕвдӕм мӕйы Елишамайы фырты фырт, Нетаниайы фырт Измаел, дӕс лӕгимӕ Ахикамы фырт Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыди. Уый уыди паддзахы мыггагӕй, йӕ уӕздӕттӕй иу. Фынджы уӕлхъус иумӕ куы бадтысты,

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 41:1
25 Iomraidhean Croise  

Авнер Хевронмӕ фӕстӕмӕ куы баздӕхти, уӕд ӕй Йоав кулдуарӕй фӕмидӕг кодта, цыма йын аивӕй цыдӕр зӕгъынмӕ хъавыд, уый хуызӕн ӕмӕ йын уым йӕ гуыбын барӕхуыста, йе ’фсымӕр Асаелы туг дзы райста.


Ахазиайы мад Атали йӕ лӕппуйы амӕлӕты хабар куы фехъуыста, уӕд бардзырд радта иудейаг паддзӕхты мыггаг сыскъуыныны тыххӕй.


Вавилоны паддзах Навуходоносор ма Иудейы цы адӕмы ныууагъта, уыдонӕн сӕ сӕргъы сӕвӕрдта Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиайы.


Фӕлӕ уыцы азы ӕвдӕм мӕй Елишамайы фырт Нетаниайы фырт Измаел, паддзӕхты мыггагӕй, Гедалиайы уӕлхъус ӕрбалӕууыди дӕс лӕгимӕ ӕмӕ амардта уый дӕр ӕмӕ, уым, Мицпайы, йемӕ иудейӕгтӕ ӕмӕ халдейӕгтӕй чи уыд, уыдоны дӕр.


Уымӕн ӕмӕ йын йӕ мад Атали йӕ амӕлӕты хабар куы базыдта, уӕд бавдӕлд ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарвӕндаджы паддзӕхты мыггаг бынтондӕр сыскъуыйын кодта.


Дунедарӕг — Дӕ рахизфарс. Йӕ азары бон паддзӕхты ӕрцӕвдзӕн.


Дунедарӕг мын боныгон равдисы Йӕ хорзӕх, ӕмӕ ме ’хсӕвы зарӕг вӕййы Ууыл — мӕ царддӕттӕг Хуыцауыл.


Хирвӕссондзинад загъд къахы, уынаффӕ кӕм ис, уӕлзонд дӕр уым.


Маст ӕгъатыр у, ӕнцон нӕу ӕхсидгӕ маст уромын, фӕлӕ зӕрдӕхсайдӕн чи ныффӕраздзӕн?


Уый ныццыди паддзахы галуанмӕ, нымӕрдарты агъуыстмӕ. Уыцы рӕстӕг уым бадтысты уӕздӕттӕ: нымӕрдар Елишама, Шемайайы фырт Делаи, Ахборы фырт Елнатан, Шафаны фырт Гемариа, Хананиайы фырт Цедекиа ӕмӕ иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.


Уӕздӕттӕ паддзахы галуанмӕ ацыдысты, тухгӕ чиныг та нымӕрдар Елишамайы уаты ныууагътой. Уыцы ныхӕстӕ иууылдӕр паддзахӕн радзырдтой.


Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ баззади.


Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ се ’ппӕт дӕр Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты


Йеремиа иуварс нӕма ацыд, афтӕ ма Невузардан йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Ахикамы фырт Гедалиамӕ, Шафаны фырты фыртмӕ, ацу. Вавилоны паддзах ӕй Иудейы сахартӕн хицауӕй сӕвӕрдта. Йӕ разы, йӕ адӕмы ’хсӕн цӕр, науӕд та, кӕдӕм дӕ фӕнды, уырдӕм цу». Уый фӕстӕ йын хъахъхъӕнджыты хицау фӕсауӕрцӕн хӕринаг радта ӕмӕ йӕ ауагъта.


Йеремиа ацыди Мицпамӕ, Ахикамы фырт Гедалиамӕ, ӕмӕ ма адӕмӕй сӕ бӕстӕйы кӕй ныууагътой, уыдоны ’хсӕн царди йӕ разы.


Сӕ адӕмимӕ ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ фехъуыстой, Вавилоны паддзах Ахикамы фырт Гедалиайы Иудейы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын, бӕстӕйы ӕппӕты мӕгуырдӕр чи уыд, Вавилонмӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уыдоны усӕй, лӕгӕй, сывӕллонӕй йӕ бар кӕй бакодта, уый.


Ӕмӕ ӕрбацыдысты Гедалиамӕ, Мицпамӕ. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нетаниайы фырт Измаел, Йоханан, Йонатан, Кареахы фырттӕ, Танхуметы фырт Серай, нетофаг Ефаийы фырттӕ ӕмӕ маахайаг Йезани сӕ адӕмимӕ.


Ныр паддзахы мыггагӕй та равзӕрста ӕндӕры, йемӕ сарӕзта фидыд ӕмӕ йын ард бахӕрын кодта. Стӕй йемӕ акодта уыцы бӕстӕйы тыхджынты,


Уе ’ппӕты тыххӕй нӕ зӕгъын. Ӕз, кӕй равзӕрстон, уыдоны зонын. Фӕлӕ хъуамӕ сӕххӕст уа, Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый: „Мемӕ къӕбӕр чи хордта, уый рацыди Мӕ ныхмӕ“.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan