Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 40:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Сӕ адӕмимӕ ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ фехъуыстой, Вавилоны паддзах Ахикамы фырт Гедалиайы Иудейы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын, бӕстӕйы ӕппӕты мӕгуырдӕр чи уыд, Вавилонмӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уыдоны усӕй, лӕгӕй, сывӕллонӕй йӕ бар кӕй бакодта, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 40:7
14 Iomraidhean Croise  

Ӕрмӕст мӕгуыр адӕмӕй иу къорды бӕрц ныууагъта сӕндонгӕстӕ ӕмӕ хуымгӕнджытӕй.


сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.


Ӕрмӕстдӕр мӕгуырты, сӕ бон ӕппындӕр кӕмӕн ницы уыди, уыдоны Иудейы бӕстӕйы ныууагъта, сӕндӕттӕ ӕмӕ зӕххы хӕйттӕ сын радта.


Йеремиамӕ арвыстой ӕмӕ йӕ хъахъхъӕнджыты кӕртӕй рацӕуын кодтой. Ахикамы фырт, Шафаны фырты фырт Гедалиайӕн, йӕ хӕдзармӕ йӕ акӕн, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхстой. Афтӕмӕй Йеремиа йӕ адӕмы ’хсӕн цӕргӕйӕ баззади.


Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.


Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.


Уыцы азы ӕвдӕм мӕйы Елишамайы фырты фырт, Нетаниайы фырт Измаел, дӕс лӕгимӕ Ахикамы фырт Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыди. Уый уыди паддзахы мыггагӕй, йӕ уӕздӕттӕй иу. Фынджы уӕлхъус иумӕ куы бадтысты,


Мицпайы ма адӕмӕй чи баззад — паддзахы чызджытӕ ӕмӕ иннӕ адӕм, — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Ахикамы фырт Гедалиайы хицауӕй кӕмӕн сӕвӕрдта, уыдоны се ’ппӕты дӕр Нетаниайы фырт Измаел уацары акодта ӕмӕ аммонӕгты ’рдӕм фӕраст ис.


Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ йе ’фсады хицӕуттӕ, Нетаниайы фырт Измаел цы фыдракӕндтӕ сарӕзта, уый куы фехъуыстой,


нӕлгоймагӕй, сылгоймӕгӕй, сывӕллонӕй, стӕй паддзахы чызджыты — хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Шафаны фырты фырт, Ахикамы фырт Гедалиаимӕ кӕй ныууагъта, уыдоны се ’ппӕты дӕр, пехуымпар Йеремиа ӕмӕ Нериайы фырт Барухы.


Ахӕм хуынтӕ адӕм хъуамӕ хӕссой Израилы фӕтӕгӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan