Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 40:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕмӕ ныр Дунедарӕг, рагацау цы загъта, уый сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут. Йӕ ныхасмӕ Йын нӕ хъуыстат ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ уый тыххӕй бавзӕрстат.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 40:3
12 Iomraidhean Croise  

Сӕ уд-иу сӕ мидӕг куы ӕрцыди, уӕд та-иу, Дӕуӕн хъыг чи у, ахӕм митӕм бавнӕлдтой. Ды та-иу сӕ фыдгулты къухмӕ радтай, ӕмӕ сын уыдон ӕлдариуӕг кодтой. Фӕлӕ та-иу ногӕй Дӕумӕ куы фӕсидтысты, уӕд та-иу сӕм Ды уӕларвӕй ӕрыхъуыстай ӕмӕ сӕ Де стыр хорзӕхмӕ гӕсгӕ бирӕ хӕттыты фервӕзын кодтай.


Цыдӕриддӕр ныл ӕрцыд, уыдӕттӕй ды раст уыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Ды уыдтӕ иузӕрдион, мах та фыдракӕндтӕ фӕкодтам.


Фыдбылыз дыл бафтыдта Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Чи дӕ ныссагъта, Уый, уымӕн ӕмӕ Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ фыдракӕндтӕ фӕкодтой, Баалӕн хӕрздӕфгӕнӕнтӕ кӕй сыгътой, уымӕй Мӕ мӕсты кодтой».


Бирӕ адӕмтӕ, сахары рӕзты цӕугӕйӕ, кӕрӕдзийы фӕрсдзысты: „Ацы стыр сахарӕн Дунедарӕг ахӕм тӕрхон цӕмӕн рахаста?“


«Ацу ӕмӕ эфиопаг Еведмелехӕн зӕгъ: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: ацы сахарӕн Ӕз рагацау цы снысан кодтон, уый ныр сӕххӕст кӕндзынӕн — йӕ фарнӕн нӕ, фӕлӕ йӕ фыдбылызӕн. Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд, Мӕ ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты, уый дӕхи цӕстӕй фендзынӕ.


Ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд судзгӕйӕ, Дунедарӕджы раз фӕтӕригъӕдджын стут, Дунедарӕджы ныхасмӕ нӕ хъуыстат. Йе ’Гъдау, Йӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын не ’ххӕст кодтат, ӕмӕ уыл ныр ацы бӕллӕх дӕр уымӕн ӕрцыди».


Чи-иу сыл фӕхӕст, уый-иу сӕ аныхъуырдта, се ’фхӕрджытӕ дзырдтой: „Мах аххосджын ницӕмӕй стӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон фӕтӕригъӕдджын сты Дунедарӕджы, рӕстдзинады хӕдзары, сӕ фыдӕлты зӕрдӕдарӕны, раз“.


Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!


Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.


Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый, йӕ дӕлбар чи ис, уыцы адӕмӕн зӕгъы, цӕмӕй йӕхи сраст кӕнын йӕ бон макӕмӕн уа ӕмӕ ӕгас дуне азымджын уа Хуыцауы раз.


Ӕмӕ сын загъд уыдзӕни: „Дунедарӕг, сӕ фыдӕлты Хуыцау, сӕ фыдӕлтимӕ, Мысырӕй сӕ куы ракодта, уӕд цы фидыд сарӕзта, уый ферох кодтой,


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan