Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 40:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Уӕд Кареахы фырт Йоханан Мицпайы Гедалиайӕн сусӕгӕй загъта: «Бар ратт, цӕмӕй ӕз ацӕуон ӕмӕ Нетаниайы фырт Измаелы амарон. Ничи йӕ базондзӕн. Цӕмӕн хъӕуы уый ӕруадзын, цӕмӕй дӕ амара ӕмӕ, дӕ алыварс цы иудейӕгтӕ ӕрӕмбырд сты, уыдон фӕстӕмӕ ныххӕлиу уой, стӕй, чи ма дзы аирвӕзт, уыдон дӕр фесӕфой?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 40:15
10 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Ма рацу! Мах куы алидзӕм, уӕд уый нымады дӕр никӕмӕ уыдзӕн, не ’мбис куы амӕла, уӕд дӕр афтӕ; ды та, махӕй дӕс мины цы у, дӕхӕдӕг иунӕгӕй уый дӕ, ӕмӕ нын бахъуаджы сахат сахарӕй куы баххуыс кӕнис, уӕд нын уый хуыздӕр уаид».


Фӕлӕ Церуайы фырт Авишай Давиды фарсмӕ ӕрбалӕууыди — филистимагыл йӕхи ныццавта ӕмӕ йӕ амардта. Уӕд Давидӕн йӕ адӕм расомы кодтой: «Ды немӕ хӕстмӕ нал ацӕудзынӕ, цӕмӕй Израилы цырагъ ма ахуысса».


Мӕ цатыры нӕ дзырдтой адӕм, тӕхуды, йӕ фыдызгъӕлӕй нӕ куы бафсадид, зӕгъгӕ.


Ӕмӕ ӕрбацыдысты Гедалиамӕ, Мицпамӕ. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нетаниайы фырт Измаел, Йоханан, Йонатан, Кареахы фырттӕ, Танхуметы фырт Серай, нетофаг Ефаийы фырттӕ ӕмӕ маахайаг Йезани сӕ адӕмимӕ.


пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.


Уӕ бон бамбарын нӕу, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты сӕ сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй уыдзӕн, уый».


Фӕндаджы был фосдарӕн уӕтӕрты рӕзты куы фӕцӕйцыдысты, уӕд уым иу лӕгӕтмӕ Саул йӕхи хъуыдыйы бауади. Ныр Давид та йӕ адӕмимӕ лӕгӕты рӕбынӕй бадти,


Авишай загъта Давидӕн: «Абон дын Хуыцау де знаджы дӕ къухтӕм радта. Цӕй ӕмӕ йӕ арцӕй зӕхмӕ ныххуыйон, дыккаг цӕф кӕнын мӕ нӕ бахъӕудзӕни».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan