13 Кареахы фырт Йоханан ӕмӕ, ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ се ’ппӕт дӕр Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыдысты
Ӕмӕ уӕд, кӕдӕм сӕ фӕсырдӕуыд, уыцы бынӕттӕй фӕстӕмӕ раздӕхтысты Иудеймӕ, Гедалиамӕ, Мицпамӕ, ӕмӕ сӕм парахатӕй фӕзындысты сӕн ӕмӕ сӕрдыгон дыргътӕ.
ӕмӕ йын загътой: «Ау, нӕ йӕ зоныс, аммонӕгты паддзах Баалис Нетаниайы фырт Измаелы дӕу амарынмӕ рарвыста, уый?» Фӕлӕ сыл Ахикамы фырт Гедалиа нӕ баууӕндыд.
Ӕмӕ ӕрбацыдысты Гедалиамӕ, Мицпамӕ. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нетаниайы фырт Измаел, Йоханан, Йонатан, Кареахы фырттӕ, Танхуметы фырт Серай, нетофаг Ефаийы фырттӕ ӕмӕ маахайаг Йезани сӕ адӕмимӕ.
Уыцы азы ӕвдӕм мӕйы Елишамайы фырты фырт, Нетаниайы фырт Измаел, дӕс лӕгимӕ Ахикамы фырт Гедалиамӕ Мицпайы сахармӕ ӕрбацыди. Уый уыди паддзахы мыггагӕй, йӕ уӕздӕттӕй иу. Фынджы уӕлхъус иумӕ куы бадтысты,
Ӕфсады хицӕуттӕ иууылдӕр, Кареахы фырт Йоханан, Хошаийы фырт Азариа ӕмӕ иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрбацыдысты