Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 4:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 4:7
33 Iomraidhean Croise  

Йӕ паддзахиуӕджы заман Иудеймӕ ӕд ӕфсад ӕрбацыди Вавилоны паддзах Навуходоносор, ӕмӕ Иоаким йӕ дӕлбар балӕууыд. Ӕртӕ азы йын фӕлӕггад кодта, стӕй йын нал уисӕн кодта.


Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру.


Уӕ зӕхх ныггӕныстон, уӕ сахартӕ арты хай баисты, уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц. Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ, цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта: «Сӕ бирӕ хӕдзӕрттӕ ныззаууат уыдзысты, сӕ рӕсугъд галуантӕ дзӕгъӕлӕй баззайдзысты.


Ӕз бафарстон: «Кӕдмӕ уыдзӕнис афтӕ?» Дунедарӕг мын дзуапп радта: «Цалынмӕ сахартӕ федзӕрӕг уой, хӕдзӕрттӕ дзӕгъӕлӕй баззайой ӕмӕ зӕхх ныггӕныстон уа, уӕдмӕ.


Ӕвзонг домбӕйттӕ йыл рыхынц, хъӕрӕй йыл ныррыхыдысты ӕмӕ йын йӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой; цӕрӕг дзы нал ис, басыгъдысты сахартӕ.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг иудейаг паддзахы хӕдзары тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Ды Галаад ӕмӕ Ливаны хӕхтау лӕууыс Мӕ разы, фӕлӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ сахарты цӕрӕг нал баззайдзӕн.


Дӕ ныхмӕ дын сафджытӕ сцӕттӕ кодтон, се ’ппӕтмӕ дӕр хӕцӕнгӕрзтӕ радтон. Дӕ хуыздӕр нӕзы бӕлӕстӕ дын акалдзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты.


Цыма домбай йӕ лӕгӕтӕй рацыд, уый хуызӕн сси, ӕмӕ ӕгъатыр мастӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй ӕдзӕрӕг быдыр фестади зӕхх!


уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.


Дунедарӕджы номӕй афтӕ цӕмӕн дзурыс, ацы хӕдзар Силомы хъысмӕт бавзардзӕн, сахар та сафтид уыдзӕн ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззайдзӕн, зӕгъгӕ?» Адӕм иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзары ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йеремиайӕн стӕрхон кӕной.


Фӕлӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн ныр лӕггад чи нӕ кӕна ӕмӕ йын йе ’фсондз йӕ уӕлӕ чи не ’ркӕна, уыцы адӕмы кӕнӕ паддзахады Ӕз бафхӕрдзынӕн кард, стонг ӕмӕ рынӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уый къухӕй сӕ фесафдзынӕн бынтондӕр.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы бынаты тыххӕй сымах дзурут: „Уый у ӕдзӕрӕг быдыр, нал дзы адӕймаг ис, налдӕр фосы мыггаг!“ Фӕлӕ Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы уынгты, адӕм ӕмӕ фосы мыггаг кӕм нал баззад, уым та ногӕй цин, хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ чындзӕхсӕвы уынӕр хъуысдзӕн. Дунедарӕджы хӕдзармӕ арфӕйы нывӕндтӕ чи хӕсдзӕн, уыцы адӕм дзурдзысты: „Уӕларвӕфсады Бардарӕджы стаут, уымӕн ӕмӕ хорзӕхджын у Дунедарӕг, Йӕ хорзӕхтӕ нӕ фесӕфдзысты мыггамӕ!“ Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххӕн йӕ раздӕры ӕнӕмаст цард раздахдзынӕн».


Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».


Сахарты цӕрджытӕ лидзӕг фесты фатӕхсджытӕ ӕмӕ барджыты уынӕрӕй, хӕхтӕм ӕмӕ тар хъӕдтӕм лидзынц. Сахартӕ сафтид сты иууылдӕр, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.


Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: сымах федтат, Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахартӕй алкӕмӕн дӕр цы бӕллӕхтӕ бавзарын кодтон, уый. Хӕлддзӕгтӕ систы ныр, ничиуал дзы цӕры.


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Паддзах, Йӕ ном — Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — хӕхты астӕу — Фавор, денджызы раз — Кармел хох. Уыдонау хъомысджын чи у, уый уӕм ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.


Иорданы цур цы пыхсбынтӕ ис, уырдыгӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕттӕм куыд рацӕйцӕуы, афтӕ Ӕз едомӕгты ӕвиппайды лидзӕг фӕкӕндзынӕн ӕмӕ Едомы сӕргъы, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Чи у Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Уый тыххӕй сӕм тар хъӕдӕй ӕрбабырста домбай, быдираг бирӕгъ сӕ ӕргӕвды, сӕ сахарты цур бабады фыранк: сахарӕй чидӕриддӕр рацӕуа, уый аскъуыдтӕ кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты, сӕ гадзрахатӕн кӕрон нал ис».


Израил у дзӕгъӕл фысты рӕгъау, домбӕйттӕ йӕ алырдӕмты фӕсырдтой. Раздӕр ӕй хордта Ассирийы паддзах, фӕлӕ йын ацы фӕстаг, Вавилоны паддзах Навуходоносор, йе стджытӕ дӕр бахсыдта.


Иорданы пыхсбынӕй домбай дидинӕгкалӕг сӕрвӕтмӕ куыд рацӕйцӕуы, уыйау Ӕз вавилойнӕгты ӕвиппайды фӕсурдзынӕн, сӕ сӕргъы сын, Мӕхӕдӕг кӕй сӕвзӕрстон, уый сӕвӕрдзынӕн. Кӕм ис Мӕн хуызӕн? Дзуапп Мӕ чи ӕрдомдзӕн? Цавӕр фыййау схӕцдзӕни Мӕ ныхмӕ?»


Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».


«Йерусалимы сахар Ӕз хӕлддзӕгты кӕри фестын кӕндзынӕн, хъӕддаг куыйты цӕрӕнбынат. Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестдзысты, цӕрӕг сӕ нал ныууадздзынӕн».


Адӕмарӕх сахартӕ ныггӕныстон уыдзысты, зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестдзӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый“».


Ныххуырсдзынӕн дыл Мӕ маст, Мӕ масты пиллӕйттӕ дыл ныккалдзынӕн ӕмӕ дӕ ратдзынӕн, марын ахуыр чи у, уыцы агъуыд адӕмы къухтӕм.


«Адӕймаджы фырт! Ныхъхъарӕг кӕн фараоныл, Мысыры паддзахыл: „Адӕмты ’хсӕн ды уыдтӕ домбайы лӕппынау, денджызы кӕфхъуындарау, дӕ цӕугӕдӕтты-иу фынк калдтай дӕ фындзӕй, дӕ дзӕмбытӕй-иу дӕттӕ сызмӕстай, ӕмӕ-иу фестадысты лакъон“.


Хуыцауы фӕрцы ахӕм хъомысджын сси, ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ фыр тӕссӕй йӕ разы рызтызты. Марын ӕй кӕй фӕндыд, уый-иу амарын кодта, кӕй йӕ фӕндыд, уый та-иу удӕгасӕй ныууагъта. Кӕй-иу уӕлӕрвтӕм систа, кӕй та-иу ӕгады бынаты сӕвӕрдта.


Фыццаг сырд уыди домбайы хуызӕн, фӕлӕ цӕргӕсы базыртимӕ. Йӕ базыртӕ йын ратындӕуыд, хӕрдмӕ йыл схӕцыдысты; адӕймагау йӕ къӕхтыл слӕууыд, ӕмӕ йын адӕймаджы сӕрызонд лӕвӕрд ӕрцыди.


Уӕ сахартӕ уын хӕлӕттаг фӕкӕндзынӕн, уӕ кувӕндӕттӕ уын сафтид кӕндзынӕн, уӕ нывӕндтӕ уын нал айсдзынӕн ӕхцон хӕрздӕфӕн.


Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan