5 Фехъусын кӕнут Иудейы, расидут Йерусалимы! Ӕгас бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут, хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнут: „Цомут ӕмӕ бырухгӕд сахартӕм алидзӕм!“
Куыддӕр уыл уыцы бӕллӕх сӕмбӕла, афтӕ йӕ амӕттаг бауыдзыстут; цӕудзӕни уӕм ӕрвылрайсом, ӕхсӕв дӕр ӕнцой нӕ зондзыстут, фыр тӕссӕй риздзыстут йӕ койӕ дӕр.
«Байхъус ацы фидыды ныхӕстӕм, Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ фехъусын кӕн.
Вавилоны паддзах Навуходоносор ацы бӕстӕйы ныхмӕ куы схӕцыд, уӕд мах сфӕнд кодтам халдейӕгты ӕмӕ арамейӕгты ӕфсӕдтӕй Йерусалиммӕ фӕлидзын ӕмӕ ныр цӕрӕм Йерусалимы».
Йаковы байзӕддӕгтӕн фехъусын кӕнут, расидут Иудейы:
Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!
«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.
Уыдӕттӕ бамбарыны фаг уӕлзонд кӕмӕ ис? Кӕимӕ дзырдта Дунедарӕг, ӕппӕт адӕттӕ йӕ бон бамбарын кӕнын кӕмӕн у, уыцы адӕймаг чи у? Цӕмӕн бабын ис ацы зӕхх? Ӕдзӕрӕг быдырау цӕмӕн басыгъд, иу цӕуӕг ыл цӕуылнӕуал ис?
Сыкъауадындзӕй ныууасдзысты ӕмӕ, хӕстӕввонгӕй куы ӕрлӕууой, уӕд дӕр хӕстмӕ ничи рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ фыдӕхы хай фӕуыдзысты.
Сыкъауадындзӕй ныууас! Хъӕрццыгъайау йӕхи ныццӕвдзӕн знаг Дунедарӕджы адӕмыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ Фидыды сӕрты ахызтысты, Ме ’Гъдауы ныхмӕ сыстадысты.
Сионы хохыл сыкъауадындзтӕй ныууасут! Фӕдисхъӕр райхъуысӕд Мӕ уаз хохӕй! Зӕххон цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр нырризӕнт, уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны, ӕрбахӕстӕг ис Дунедарӕджы Бон.
Сахары сыкъауадындзы уасын куы райхъуыса, уӕд адӕм нӕ фӕтӕрсдзысты? Дунедарӕг бар куынӕ радта, уӕд сахары фыдбылыз ӕрцӕудзӕн?
Домбай куы ныррыха, уӕд чи нӕ фӕтӕрсдзӕн? Дунедарӕг Хуыцау куы зӕгъа, уӕд пехуымпар чи не суыдзӕн?
«Рацӕгъд дӕхицӕн дыууӕ ӕвзист сыкъауадындзы, ӕмӕ дын ахъаз уыдзысты дзыллӕмӕ фӕсидынӕн ӕмӕ рӕсӕнуӕттӕ сӕ бынатӕй фенкъуысын кӕнынӕн.
Дыууӕ уадындзы уастмӕ дӕм ӕгас дзыллӕ дӕр хъуамӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ ӕрбалӕууа,
Йешуа ӕмӕ израилӕгтӕ бындзагъд ныккодтой фыдгулты, ӕрмӕст ма дзы иугӕйттӕ баирвӕзтысты удӕгасӕй сӕ фидар сахартӕм.