Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 4:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, Дунедарӕджы сӕраппонд уӕхицӕн сунӕт скӕнут! Уӕ зӕрдӕтӕн скӕнут сунӕт, цӕмӕй уӕ фыдракӕндты аххосӕй Мӕ маст ма ссудза артау, ӕнӕахуысгӕ зынгирвӕзтау.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 4:4
36 Iomraidhean Croise  

Мӕн кӕй ныууагътой ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн буд кӕй сыгътой, сӕ хъуыддӕгтӕй Мӕ кӕй мӕсты кодтой, уый тыххӕй сыл Мӕ масты цӕхӕр ныккӕлдзӕн ӕмӕ нӕ ахуысдзӕн!“


Стыр Хуыцау — Израилы Рухс — арт фестдзӕн ӕмӕ йын ӕмбойны бавзалы кӕндзӕн йӕ каконтӕ ӕмӕ йӕ сындзытӕ.


Рагӕй цӕттӕ у, паддзах кӕм басудздзӕн, уыцы бынат; арф ӕмӕ уӕрӕх у уый, бирӕ цӕхӕр, бирӕ суг ис йӕ мидӕг. Дунедарӕджы раулӕфтӕй ныггуыпп кӕндзӕни, цыма йыл сондон ӕркалдӕуыд, уыйау.


Раст-ма, раст, Йерусалимы чызг, слӕуу дӕ къӕхтыл! Дунедарӕг дын радта Йӕ фыдӕхы нуазӕн. Ануӕзтай йӕ ӕмӕ, цудтытӕгӕнгӕ, фӕцӕйцыдтӕ дӕ адзалы фӕндагыл.


Де знӕгтимӕ дӕ, цы бӕстӕ нӕ зоныс, уырдӕм арвитдзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕ маст ссыгъди, пиллон артау судзы!»


Давиды байзӕддӕгтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Сӕумӕйӕ-иу раст тӕрхон кӕнут, мӕгуыр лӕджы-иу йе ’фхӕрӕджы къухтӕй фервӕзын кӕнут, науӕд, уӕ фыдракӕндтӕм кӕсгӕйӕ, Мӕ маст ссудздзӕни пиллон артау, ӕнӕ ахуысгӕ зынгирвӕзтау.


Ӕз Мӕхӕдӕг хӕцдзынӕн уӕ ныхмӕ Мӕ хъомысджын къухӕй, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ!


Дунедарӕджы зилгӕ уад ӕрбабырсы, фыр мӕстӕй абухы, афтӕмӕй уыцы тыхдымгӕ фесафдзӕни фыдгӕнджыты.


Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».


Дунедарӕгӕн Йӕ бон нал уыд уӕ фыдракӕндтӕм, уе ’лгъаг митӕм кӕсын, ӕмӕ уӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестад, ӕлгъитынц ӕй, йӕ уындӕй алкӕй тасы ӕфтауы, ӕмӕ дзы иунӕг цӕрӕг дӕр нал баззад.


«Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз, ӕрмӕстдӕр буары сунӕт чи скодта, уыдонӕн стӕрхон кӕндзынӕн.


Ӕз бафхӕрдзынӕн Мысыр ӕмӕ Иудейы, Едом ӕмӕ Аммоны фыртты, Моав ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры цӕрджыты — сӕ къӕмисӕнтӕ ӕлвынӕг адӕмы. Иннӕ адӕмтӕ сунӕтгонд не сты, фӕлӕ Израил дӕр йӕ зӕрдӕйӕн сунӕт не скодта».


Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъд! Сионы ссыгъта арт, ныккалдта йыл Йӕ азар! Уӕ, саусыгъд ӕй куы бакодта!


Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн.


Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?


Сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — Мӕ хъомысджын къухӕй, Мӕ рахиз къухӕй уын Ӕз хицауиуӕг кӕндзынӕн, Мӕ азар уыл ӕххуырсгӕйӕ.


Ӕз дӕр Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ уӕд ссӕудзӕни Мӕ маст. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг!»


Уый бӕрц ӕлгъаг у дӕ чъизи, ӕмӕ дӕ цасфӕнды куы сыгъдӕг кӕнон, уӕд дӕр чъизийӕ баззайдзынӕ ӕмӕ фидӕны дӕр не ссыгъдӕг уыдзынӕ, цалынмӕ дыл Мӕ азар нӕ ныххуырсон, уӕдмӕ.


Ӕз уыцы туг айнӕг къӕдзӕхыл уымӕн ныууагътон, цӕмӕй ма басусӕг уа, ӕмӕ Мӕ маст ссудза маст исыны охыл».


Мӕ Кувӕндонмӕ Мын мауал кӕнут ӕцӕгӕлӕтты, буарӕй дӕр ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнӕсунӕт чи у, уыдоны, ӕмӕ Мын мауал ӕгад кӕной Мӕ Кувӕндон. Фиу ӕмӕ Мын туг, Мӕ хойраг, нывондӕн куы хастат, уӕд адон уӕ цуры уыдысты, ӕмӕ-иу афтӕмӕй уӕ алы ӕлгъӕгтӕй фехӕлдтат, Ӕз уемӕ цы фидыд сарӕзтон, уый.


Дард ран чи уа, уый амӕлдзӕн емынӕйӕ, хӕстӕг ран чи уа, уый та фӕмард уыдзӕни карды цӕфӕй. Удӕгасӕй ма чи баззайа, уый та амӕлдзӕни сыдӕй. Афтӕ сыл Ӕз ныххуырсдзынӕн мӕ азар.


Уыдӕтты тыххӕй сыл Ӕз Мӕ маст ныххуырсдзынӕн. Мӕ цӕст сын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Хъӕрӕй Мӕм куы дзыназой, уӕд дӕр сӕ нӕ фехъусдзынӕн».


уӕд уӕ, фыр мӕстӕй судзгӕйӕ, авд хатты карздӕр бафхӕрдзынӕн уӕ тӕригъӕдты тыххӕй.


Ӕз дӕр сӕ ныхмӕ уый тыххӕй рацыдтӕн, се знӕгты зӕхмӕ сӕ фӕсырдтон. Се ’нӕсунӕтгонд зӕрдӕтӕ куы басӕттой, уӕд уымӕй бафиддзысты сӕ азым,


Дунедарӕгмӕ уе ’ргом раздахут ӕмӕ цӕрдзыстут. Науӕд Уый пиллон артау ӕртыхсдзӕни Йосефы хӕдзарыл, басудздзӕни Вефил, ӕмӕ уыцы арт ахуыссын кӕнын никӕй бон уыдзӕн.


цалынмӕ, Дунедарӕг цы снысан кодта, уый нӕма сӕххӕст, бонтӕ, дымгӕ зыгуым куыд ныффӕйлауы, афтӕ нӕ атахтысты, цалынмӕ уӕ Дунедарӕг Йӕ масты пиллон артӕй нӕ басыгъта ӕмӕ уӕ Йӕ азар нӕ баййӕфта, уӕдмӕ.


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд сунӕт пайда у. Фӕлӕ кӕд Ӕгъдауы сӕрты ахызтӕ, уӕд дӕ сунӕт ницыуал давы.


Уӕдӕ сунӕт скӕнут уӕ зӕрдӕтӕн ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ уӕхи фӕнд мауал тӕрут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сунӕт скӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕн, стӕй уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр, цӕмӕй Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ баззайат сӕрӕгасӕй.


Уымӕн ӕмӕ Мӕ маст афтӕ фыцы, ӕмӕ йӕ пиллон арт мӕрдтыбӕсты тарфмӕ дӕр ӕнхъӕвзы, зӕхх ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныхъуыры, хохрӕбынтӕ арауы.


Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы сымах ӕрцыдыстут сунӕтгонд. Уыцы сунӕт уын скодта адӕймаг нӕ, фӕлӕ Чырысти, ӕмӕ афтӕмӕй фервӕзтыстут тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan