3 Дунедарӕг Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн афтӕ зӕгъы: «Уӕхицӕн бахуым кӕнут ног зӕхх, какон сындзыты ’хсӕн ма таут!
Хӕмпӕлгӕрдӕг ӕмӕ сындзытӕ дын ӕрзайын кӕндзӕн зӕхх. Сӕтдзынӕ де стонг быдыры кӕрдӕгӕй.
фӕлӕ-иу сӕ ӕвдӕм аз мауал байтаут. Йӕхигъӕдӕй уӕ хуымты цы ’рзайа, уый-иу хӕрӕнт уӕ адӕмы мӕгуыртӕ, уыдоны уӕлдӕйттӕ та — сырдтӕ. Афтӕ-иу бакӕнут уӕ сӕндӕттӕ ӕмӕ уӕ оливӕ бӕлӕстӕн дӕр.
Рӕстдзинад таут ӕмӕ уӕхицӕн хорзӕх ӕркӕрдат. Ӕгайнӕг зӕхх афӕлдахут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ӕрцагурынӕн афон у, цӕмӕй, куы ’рцӕуа, уӕд уыл рӕстады къӕвда ӕруадза.
Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмыг ӕрхауди, уый та у ахӕм адӕймаг: ныхас фехъусы, фӕлӕ йын ӕй зӕххон царды мӕт ӕмӕ мулчы бӕллиц сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ ницы дыргъ ӕрхӕссы.
Иу цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой.
Цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой, ӕмӕ нӕмгуытӕ тыллӕг нӕ радтой.
Сындзыты ӕхсӕн чи ӕрхауд, уыдон та фехъусынц ныхас, фӕлӕ царды мӕт, мулк ӕмӕ зӕххон хиирхӕфсӕнтӕн сӕ быны фӕвӕййынц, ӕмӕ сын ницы пайда ӕрхӕссы.
Иннӕ нӕмгуытӕ ӕрхаудысты сындзыты ӕхсӕн, ӕмӕ сӕ уыдон, куы сзадысты, уӕд сӕ быны фӕкодтой.