Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 4:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Сахарты цӕрджытӕ лидзӕг фесты фатӕхсджытӕ ӕмӕ барджыты уынӕрӕй, хӕхтӕм ӕмӕ тар хъӕдтӕм лидзынц. Сахартӕ сафтид сты иууылдӕр, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 4:29
14 Iomraidhean Croise  

Ӕмӕ сыл уӕд Ассирийы паддзахы ’фсады хицӕутты бафтыдта, ӕмӕ уыдон Менассиайыл хъадамантӕ скодтой, рӕхыстӕй йӕ сбастой ӕмӕ йӕ афтӕмӕй Вавилонмӕ акодтой.


Иу лӕджы тасӕй уӕ лидзӕг фӕуыдзысты мин лӕджы, фондз лӕджы тасӕй та афтӕ лидздзыстут, ӕмӕ ма уӕ чи баззайа, уый уыдзӕни хохы цъуппыл сагъд наухъилау кӕнӕ къуылдымы сӕрыл сагъд тырысайау.


Дунедарӕг адӕмы фӕсурдзӕн, ӕмӕ ацы зӕхх ныззаууат уыдзӕн бынтондӕр.


Ӕз арвитдзынӕн бирӕ кӕсагахсджыты, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ уыдон кӕсӕгтау ахсдзысты. Уый фӕстӕ арвитдзынӕн бирӕ цуанӕтты, ӕмӕ сӕ уыдон алы хох ӕмӕ алы къуыбырӕй, къӕдзӕхты алы лӕгӕтӕй сурдзысты.


Домбай рацыди тар хъӕдӕй, адӕмты сафӕг араст ис балцы. Цӕмӕй дын дӕ зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕна, уый тыххӕй йӕ цӕрӕнбынат ныууагъта. Дӕ сахартӕ дын ныззыгуым кӕндзӕн, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззайдзӕн.


Уыцы бон знӕгтӕ сахары сис басастой. Паддзахы дыргъдоны раз, дыууӕ сисы ’хсӕн, уыди кулдуар. Кӕд халдейӕгтӕ сахарыл ӕрхъула кодтой, уӕддӕр хӕстонтӕ ӕхсӕвы иууылдӕр уыцы кулдуары уылты сахарӕй ралыгъдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм ацыдысты.


Ӕрцытӕ ӕмӕ фаттӕй — ифтонг, ӕгъатыр ӕмӕ дурзӕрдӕ сты уыдон. Сӕ хъӕр у денджызы гуыр-гуырау, ӕфсӕддонтӕ хӕстӕввонгӕй згъорынц сӕ бӕхтыл дӕ ныхмӕ хӕцынмӕ, Сионы чызг!»


Ӕз федтон Дунедарӕджы. Уый лӕууыди нывондхӕссӕныл ӕмӕ загъта: «Цӕджындзы сӕр ныццӕв, къӕсӕртӕ куыд сӕнкъуысой, афтӕ, уадз ӕмӕ Кувӕндон адӕмыл ныккӕла. Чи ма дзы аирвӕза, уыдоны кардӕй ныццӕгъддзынӕн, иунӕг дӕр дзы нӕ алидздзӕн, ничи фервӕздзӕн.


Уӕд хӕхтӕн лӕгъстӕ кӕндзысты: „Ӕркӕлут ныл!“ — къуыбыртӕн: „Ӕрӕмбӕрзут нӕ!“


Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan