28 Ныдздзыназдзӕн зӕхх, ныссау уыдзӕнис арв йӕ сӕрмӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз ахӕм тӕрхон рахастон. Мӕ фӕндон нӕ аивдзынӕн, сӕххӕст ӕй кӕндзынӕн.
Хъынцъым кӕны, баруади зӕхх, ӕгас дуне ныттар ис ӕмӕ сӕфы; зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн сӕ барджын хицӕуттӕ сӕфынц.
Стъалытӕ бастъӕлдзысты, уӕлӕрвтӕ батымбыл уыдзысты тухгӕ чиныгау, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ӕрызгъӕлдзысты, сӕнӕфсир ӕмӕ легъуийы хус сыфтӕрау.
Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни денджызы рыхынау. Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса, уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох, сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.
Ӕз арв баталынг кӕнын, сӕудары сӕхъисӕй йӕ бамбӕрзын».
Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».
Кӕуы Иудей, йӕ кулдуӕрттӕ фӕлмӕцынц, ныссау сты, лӕзӕрынц зӕххыл; Йерусалимӕй хъарӕг хъуысы.
Хӕтаг адӕмӕй байдзаг ис зӕхх, богъ-богъӕй кӕуы ӕлгъыст зӕхх! Ӕдзӕрӕг быдыры сӕрвӕттӕ басыгъдысты. Адӕм фыдракӕндтӕм тырнынц, галиу хъуыддӕгты фӕрцы стыхджын сты;
Дунедарӕгӕн Йӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ, Йӕ зӕрды цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны ӕххӕстӕй бамбардзыстут.
Дунедарӕджы судзгӕ маст не ’рсабыр уыдзӕн, цалынмӕ Йӕ фӕндтӕ нӕ сӕххӕст кӕна, уӕдмӕ. Уый фидӕны бамбардзыстут.
Уӕ тырыса сисут Вавилоны систы ныхмӕ! Уӕ хъахъхъӕнӕн мадзӕлттӕ фӕхуыздӕр кӕнут, хъалагъурты ӕрлӕууын кӕнут, рӕсӕнты бабадут! Дунедарӕг цы сфӕнд кодта, уый бакӕндзӕн, Вавилоны цӕрджыты тыххӕй цыдӕриддӕр загъта, уыдӕттӕ сӕххӕст кӕндзӕн.
Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн.
Дунедарӕг сӕххӕст кодта Йӕ фӕндон, рагзаманы цы загъта, уый ӕрцыди, — ӕгъатырӕй дӕ ныр дӕрӕн кӕны, фыдгултӕн дӕ хынджылӕггаг скодта. О, радта сын уӕлахиз!
Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. Афон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн. Мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн. Стӕрхон дын кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууыс ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдонмӕ гӕсгӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ӕз сӕ бахиздзынӕн зындонӕй, мӕлӕтӕй сӕ фервӕзын кӕндзынӕн. Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргӕвзаг? Зындон, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Тӕригъӕд нӕ зондзынӕн Ӕз.
Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.
Сафтид ис быдыр, ӕмӕ зӕхх додой кӕны, уымӕн ӕмӕ хор нал ис, сӕн байсыст, оливӕ бӕлӕстӕ бахус сты.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ куы мӕсты кодтой, уӕд уӕ бафхӕрын сфӕнд кодтон ӕмӕ Мӕ фӕнд нӕ аивтон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —
Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?
Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг.
Ӕхсӕзӕм сахат куы ралӕууыди, уӕд бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ис, ӕмӕ афтӕ ахаста суанг фарӕстӕм сахаты онг.
Уыдис ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр саудалынг баци ӕмӕ суанг фарӕстӕм сахаты онг йӕ хуыз нӕ аивта,
Чырыстийы фӕрцы махӕй Йӕхицӕн скодта бындартӕ. Афтӕ Хуыцау снысан кодта рагацау, уымӕн ӕмӕ Уый ӕппӕт дӕр аразы Йӕхи фӕндонмӕ гӕсгӕ,
Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд —
Иннӕтӕ ӕнӕ сомыйӕ систы алчертӕ, Уый та — Хуыцауы сомыимӕ: «Расомы кодта Хуыцау ӕмӕ Йӕ уынаффӕ нӕ аивдзӕн: Ды Алчер дӕ мыггагмӕ».
Уӕрыкк ӕхсӕзӕм мыхуыр куы асаста, уӕд ӕз федтон: зӕхх тынг нынкъуысти, хур сӕхъисау ныссау ис, мӕй та туджы хуызӕн сси.
Израилы кадджын Хуыцау Йӕ дзырд нӕ сайы ӕмӕ нӕ фӕфӕсмон кӕндзӕн Йӕ тӕрхоныл, уымӕн ӕмӕ адӕймаг нӕу — Йӕ тӕрхон нӕ ивы».