Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 4:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25-26 Кӕсын, ӕмӕ цъиуызмӕлӕг нал зыны, уӕларвон мӕргътӕ иууылдӕр алырдӕм фӕтахтысты, дидинӕгкалӕг бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестади. Ныппырх сты йӕ сахартӕ Дунедарӕджы фӕндонӕй, Йӕ судзгӕ мастӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 4:25
6 Iomraidhean Croise  

Кӕдмӕ дзыназдзӕн зӕхх, быдырты кӕрдӕг кӕдмӕ хус кӕндзӕн? Зӕххон цӕрджыты аххосӕй сӕфынц цӕрӕгойтӕ ӕмӕ мӕргътӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон дзурынц: «Нӕ фӕндӕгтӕ нын Уый нӕ уыны».


Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.


Ау, Ӕз сӕ уый тыххӕй нӕ бафхӕрдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. — Ау, ахӕм адӕмӕй Мӕ маст нӕ райсдзынӕн?»


Мӕ разы фыр тӕссӕй нырриздзысты денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ, ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, зӕххы цъарыл чи цӕры, уыцы адӕм се ’ппӕт дӕр. Ракӕлдзысты хӕхтӕ, афӕлдӕхдзысты къӕдзӕхтӕ, ныккӕлдзысты зӕххыл сахарты бырутӕ.


Уый тыххӕй бахус уыдзӕни зӕхх, ӕмӕ фырвӕллад бауыдзысты йе ’ппӕт цӕрджытӕ — быдыры цӕрӕгойтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ суанг денджызы кӕсӕгтӕ дӕр бабын уыдзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan