23 Кӕсын зӕхмӕ — сафтид ис бынтондӕр, скастӕн арвмӕ — рухсы цъыртт дзы нӕй.
Зӕхх уыди ӕдзӕрӕг ӕмӕ афтид, ӕнӕбын тыгъдад уыди ӕмбӕрзт саудалынгӕй, Хуыцауы Уд та зылди доны сӕрмӕ.
Стъалытӕ ӕмӕ стъалыгуыппартӕ нал ратдзысты сӕ рухс. Хур, куыддӕр скӕсӕнӕй йӕ цӕст сдара, афтӕ ахуысдзӕн, мӕйы цӕст бакуырм уыдзӕн.
Уыцы бон сӕ рыхын уыдзӕни денджызы рыхынау. Зӕххыл йӕ цӕст чи ахӕсса, уый фендзӕни саудалынг ӕмӕ фыдох, сау мигътӕй рухсы цъыртт нал зындзӕн.
Тӕрсут, уӕлӕрвтӕ, фыр тӕссӕй нырризут! — зӕгъы Дунедарӕг. —
Кӕудзынӕн хӕхтыл, хъарӕг сыл кӕндзынӕн, дзыназдзынӕн тыгъд быдырты сӕрвӕттыл! Басыгъдысты, иу цӕуӕг сыл нал ис, нал хъуысы фысты дзугты бӕгъ-бӕгъ. Уӕларвон мӕргътӕ фӕтахтысты, ныххӕлиу сты сырдтӕ.
Уӕ, саудалынгмӕ мӕ куы ’ркодта!
Арв ӕмӕ зӕхх сӕнкъуысдзысты, хур, мӕй ӕмӕ стъалытӕ ныттар уыдзысты.
Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — хур аныгуылын кӕндзынӕн ӕмбисбон, райдзаст бонастӕу зӕхх баталынг уыдзӕн.
Уыцы бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн, рухсгӕнӕнтӕ фӕцыдӕр уыдзысты.
Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.
Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.
Ӕз федтон стыр, урс паддзахы бадӕн ӕмӕ уым — Бадӕджы. Йӕ разӕй фӕлыгъдысты арв ӕмӕ зӕхх, ӕмӕ сын дун-дунейы бынат нал уыди.