22 «Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Ус йӕ мойы ӕрбацыдмӕ йӕхимӕ ныууагъта Йосефы дарӕс,
Амнонӕн уыд иу хӕлар, йӕ ном — Йехонадав, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, тынг хинӕйдзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕг.
Дунедарӕгыл дӕ зӕрдӕ дар ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕ араз; цӕр зӕххыл иузӕрдионӕй.
Дунедарӕгмӕ удӕнцой агур, ӕмӕ дын Уый сӕххӕст кӕндзӕн дӕ зӕрдӕйы бӕллицтӕ.
О Хуыцау, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ дзыхы ныхасмӕ.
Зӕгъынц: «Цӕй ӕмӕ ацы адӕмы ныццӕгъдӕм, цӕмӕй Израилы номӕн йӕ кой, йӕ хъӕр дӕр макуыуал райхъуыса!»
Фыдгӕнджытӕ, рӕстдзинад цы у, уый не ’мбарынц, фӕлӕ, Дунедарӕджы чи агуры, уыдон ӕй ӕххӕстӕй бамбардзысты.
Гал зоны йӕ хицауы, хӕрӕг — йӕ кӕвдӕс, израилӕгтӕ та нӕ зонынц, Мӕ адӕм та не ’мбарынц».
Къалиутӕ куы бахус уой, уӕд сӕм ӕрбацӕудзысты сылгоймӕгтӕ, сугӕн сӕ ракӕндзысты ӕмӕ сӕ басудздзысты. Ацы муртаттаг адӕмтӕн сӕ сӕры зонд нӕма бацыд, ӕмӕ сын уый тыххӕй се Скӕнӕг нӕ батӕригъӕд кӕндзӕни, нӕ сын ныббардзӕни се Сфӕлдисӕг.
Гуымирытӕ ӕнӕзонд сты, зондцухтӕ. Уыдон цӕуыл хъуамӕ сахуыр кӕной адӕмы?
Ау, эфиопаг йӕ царм аивдзӕн, науӕд фыранк? Уӕдӕ сымахӕн дӕр уӕ бон хорз хъуыддӕгтӕ кӕнын нӕу, уымӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕ кӕныныл сахуыр стут.
Сауджынтӕ Мӕ нал агурынц, Ӕгъдау амонджытӕ Мӕ нал зонынц. Уӕ фӕтӕгтӕ Мӕ ныхмӕ сыстадысты, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ дзурынц Баалы номӕй, ӕнӕпайда гуымирытӕн лӕггад кӕнынц.
Тырысатӕм кӕдмӕ кӕсдзынӕн, сыкъауадындзты уасынмӕ кӕдмӕ хъусдзынӕн?
Байхъусут, ӕдылы ӕмӕ ӕнӕзонд адӕм, цӕстытӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ уынгӕ чи нӕ кӕны, хъустӕ кӕмӕн ис, фӕлӕ къуырма чи у!
Ӕз мӕхинымӕр загътон: «Уыдон мӕгуыр ӕмӕ ӕнӕзонд сты, Дунедарӕджы фӕндаг ӕмӕ сӕ Хуыцауы Ӕгъдау нӕ зонынц. Стыр ӕлдӕрттӕ та сӕ зонынц, цӕуон ӕмӕ семӕ ныхас кӕнон. Фӕлӕ уыдон дӕр ныппырх кодтой се ’фсондз, атыдтой сӕ рӕхыстӕ.
Ӕдзӕрӕг быдыры цӕрӕнбынат куы ссарин, уӕд ацӕуин, мӕ адӕмы ныууадзин. Се ’ппӕт дӕр — хъахбайтӕ, гадзрахатӕйцӕуджыты дзуг!
«Мӕнг ныхӕстӕ дзурынӕн се ’взӕгтӕ фатау нылвӕстой, мӕнгдзинады фӕрцы стыхджын сты зӕххыл. Сӕ фыдбылызтӕн нӕй кӕрон. Нӕ зонынц Мӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Алчи йе ’мбалы сайы ӕмӕ йын раст ныхас нӕ дзуры. Се ’взӕгтӕ ахуыр сты мӕнгдзинадыл.
Дӕ монцты арты куыннӕ басыгъдтӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ куы кодтай, уӕд, ӕнӕфсис хъахбай! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ, израилӕгтӕ! Уый ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн тӕрхон кӕны, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕххыл нал ис рӕстдзинад ӕмӕ хӕлардзинад, ничиуал зоны Хуыцауы.
Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.
Се ’лгъаг митӕй сӕ не ’вдӕлы Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ хъахбайдзинад сӕ туджы ахызти, Дунедарӕджы нӕ базыдтой.
Рӕстӕй цӕрын нӕ зонынц, — зӕгъы Дунедарӕг, — тыхми ӕмӕ стигъыны фӕрцы сӕ галуантӕ алы хӕзнатӕй байдзаг сты.
Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон!
Ӕрмӕст фыдбылызтӕ аразынмӕ сты дӕсны: барджын агуры лӕвӕрттӕ, тӕрхоны лӕг — гӕртӕмттӕ; бӕстӕйы хицау, цы йӕ бахъӕуы, уый ӕрдомы, иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ сты ныхасгонд.
Ӕмӕ хицау раппӕлыд йӕ мӕнгард хӕдзаргӕсӕй, афтӕ кӕй сарӕхсти, уый тыххӕй, уымӕн ӕмӕ ацы дунейы хъӕбултӕ, сӕхи хуызӕн чи у, уыдонимӕ исты хъуыддӕгтӕ куы фӕаразынц, уӕд рухсы хъӕбултӕй ӕрхъуыдыджындӕр вӕййынц.
Уыдон афтӕ, нӕдӕр Мӕ Фыды, нӕдӕр Мӕн кӕй нӕ базыдтой, уый тыххӕй кӕндзысты.
Сӕхи зондджынтӕ хонынц, фӕлӕ сӕ зонд фӕцыди,
Хуыцауы базонын сӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау сӕ галиу зонды ӕвджид ныууагъта, ӕмӕ, цы не ’мбӕлы, уый кӕнынц.
Фарны Уацыл ӕнувыд кӕй стут, уый алкӕмӕн дӕр зындгонд у, ӕмӕ ӕз дӕр цин кӕнын ууыл. Фӕнды мӕ, цӕмӕй сымах хорздзинад саразынмӕ уат зондджын, фыддзинадмӕ та уат ӕнӕхин.
иу ӕмбаргӕ адӕймаг дӕр нӕй, ничи агуры Хуыцауы.
Ӕфсымӕртӕ, зондӕй сывӕллӕттӕ ма ут. Фыдбылыз саразынмӕ ут сабитӕ, зондӕй та — хъомылтӕ.
Уымӕн ӕмӕ уыдон сӕрӕй ӕххӕст не сты ӕмӕ ницы ӕмбарынц.
Ӕнӕзонд ӕмӕ ӕнӕсӕр адӕм, Дунедарӕгӕн афтӕ фидут Йӕ хӕрзтӕ? Ӕви Уый уӕ Фыд, уе Сфӕлдисӕг нӕу? Ӕви уӕ Уый нӕ равзӕрын ӕмӕ нӕ рантысын кодта?