21 Тырысатӕм кӕдмӕ кӕсдзынӕн, сыкъауадындзты уасынмӕ кӕдмӕ хъусдзынӕн?
Йеремиа йыл скодта хъарӕг. Уӕдӕй нырмӕ йӕ хъарджыты фӕмысынц бирӕ зарӕггӕнджытӕ, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй. Израилы уый сси фӕтк, уыцы зарджытӕ фыст ӕрцыдысты «Хъарджыты чиныджы».
Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.
Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.
Мысыры паддзах ӕй Йерусалимы ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахы бадӕнӕй, Иудейыл та сӕвӕрдта хъалон: сӕдӕ таланты ӕвзист ӕмӕ иу талант сыгъзӕрин.
О зӕрдӕ, зӕрдӕ! Фырвӕллад баци зӕрдӕ фыр рыстӕй, фӕйнӕрдӕм тоны, нал зонын ӕнцой — сыкъауадындзты уасын ӕмӕ тохы хъӕртӕ хъусын.
Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!
«Ӕнӕзонд сты Мӕ адӕм — нӕ Мӕ зонынц; ӕдылы сабитау сӕ сӕры зонд нӕй. Фыдбылыз саразынмӕ — зондджын, хӕрзиуӕг ракӕнынмӕ та нӕ арӕхсынц».
Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!