14 Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?
Едомаг Доег Саулмӕ кӕй бацыди ӕмӕ Давиды, Ахимелехы хӕдзары йӕ федтон, зӕгъгӕ, кӕй банымыгъта, уый фӕдыл.
«Ницыфенджытӕ! Кӕдмӕ цӕрдзыстут ницы зонгӕйӕ? Ӕдзӕсгӕмттӕ! Уӕ къӕйных митӕй уӕ мондӕгтӕ кӕдмӕ исдзыстут? Ӕдылытӕ! Зонынад уын ӕнӕуынон кӕдмӕ уыдзӕн?
Ӕнаккаг йӕ хъуыддӕгтӕ ныууадзӕд, хӕлд — йӕ фӕндтӕ. Раздӕхӕнт Дунедарӕгмӕ — ныббардзӕн сын, раздӕхӕнт нӕ Хуыцаумӕ — бирӕбараг у Уый.
Быдыры цы къуыбыртӕ ис, уыдоныл дын Ӕз де ’нӕуаг митӕ, дӕ чъизи монцтӕ ӕмӕ дӕ хъахбай митӕ уыдтон. О, додойаг фӕдӕ, Йерусалим! Дӕ чъизитӕй кӕд ссыгъдӕг уыдзынӕ?»
Иудейы тӕригъӕд ӕхсон ӕмӕ ӕфсӕн сисӕй ныффыстӕуыд адӕмы дур зӕрдӕтыл ӕмӕ нывондхӕссӕнты сыкъатыл.
Уӕдӕ зӕгъ Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: Ӕз уын цӕттӕ кӕнын фыдбылыз, уӕ ныхмӕ аразын фыдвӕнд. Алчидӕр уӕ йӕ фыдвӕндӕгтӕ ныууадзӕд, уӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ хъуыддӕгтӕ сраст кӕнут“.
Дӕхи фӕныкдоны куы цӕхсай, уӕд дӕр Мӕ разы не ссыгъдӕг уыдзынӕ! Дӕ тӕригъӕды къӕм — Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.
Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?
йӕ хионы ныхмӕ фыдвӕндтӕ мачи аразӕд; мӕнг сомытӕй уӕхи хизут, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты, — зӕгъы Дунедарӕг.
Бӕласӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дыргъ дӕр кӕнӕ хорзыл банымайут, кӕнӕ ӕвзӕрыл, уымӕн ӕмӕ бӕлас бӕрӕг вӕййы йӕ дыргъӕй.
Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Сымах, фарисейтӕ, уӕ къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут, мидӕгӕй та кӕрӕф ӕмӕ хӕрамӕй йедзаг стут.
Уӕд Ын Симон Петр загъта: «Хицау, канд мӕ къӕхтӕ нӕ, фӕлӕ мын мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ сӕр дӕр цӕхс».
Уӕдӕ ӕрфӕсмон кӕн дӕ ацы тӕригъӕдыл, кув Бардарӕгмӕ, ӕмӕ дын, чи зоны, дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ныххатыр кӕна.
Хуыцауы бӕргӕ базыдтой, фӕлӕ Хуыцауӕн, цы кад Ын ӕмбӕлы, ахӕм кад не скодтой ӕмӕ Дзы бузныг нӕ уыдысты. Сӕ зонд ныззыгъуыммӕ ис, ӕмӕ се ’нӕмбаргӕ зӕрдӕтыл саудалынг ӕртыхсти.
Ӕмӕ ма ноджыдӕр: «Дунедарӕг зоны, зондджынты хъуыдытӕ мӕнг кӕй сты, уый».
Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, уӕ дызӕрдыгтӕ аиуварс кӕнут.