Йеремиа 4:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1-2 «Израил, куы раздӕхай, — зӕгъы Дунедарӕг, — куы Мӕм раздӕхай ӕмӕ де ’лгъӕгтӕ Мӕ разӕй куы айсай, хъеллау куынӕуал кӕнай ӕмӕ Дунедарӕгӕй ард куы бахӕрай, ӕцӕг ӕмӕ рӕстаг куы уа дӕ сомы, уӕд дӕ фӕрцы адӕмтӕ арфӕгонд уыдзысты ӕмӕ дӕ стаудзысты». Faic an caibideil |
Аса ацы рагуац куы фехъуыста Азариайӕ, пехуымпар Одеды фыртӕй, уӕд фӕныфсджын ис ӕмӕ, Иудӕ ӕмӕ Бениамины байзӕддӕгты зӕххытыл, стӕй, Ефремы хӕхбӕсты цы сахартӕ бацахста, уыдоны мидӕг цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдон аппарын кодта. Дунедарӕджы Кувӕндоны тыргъы раз цы нывондхӕссӕн уыди, уый дӕр ногӕй рацарӕзта.
Иосиа аппарын кодта, израилӕгтӕн сӕ дӕлбар цы зӕххытӕ уыд, уымыты цыдӕриддӕр ӕлгъагӕй уыди, уыдӕттӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт адӕмӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй лӕггад кӕной Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн. Ӕмӕ, цалынмӕ Иосиа ӕгас уыди, уӕдмӕ бӕстӕйы адӕм иууылдӕр сӕхи никуыуал атигъ кодтой Дунедарӕгыл, сӕ фыдӕлты Хуыцауыл.