9 Сахары цӕрджытӕй ма удӕгасӕй чи баззад, стӕй халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъд, уыцы адӕмы хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Вавилонмӕ акодта.
Ныр мидианӕгтӕ та Йосефы аластой Мысырмӕ ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой Потифарӕн. Уый уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.
Цы фырттӕ ма дын рантыса, уыдоны дӕр дын ахӕсдзысты Вавилонмӕ ӕмӕ сӕ уым паддзахы галуаны бафтаудзысты лӕггад кӕныныл».
Сахары ма цы адӕм баззади, уыдоны, вавилойнаг паддзахы къухмӕ йӕхи чи радта, уыдонимӕ хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан акодта Вавилонмӕ.
хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан сӕ акодта Вавилоны паддзахмӕ, Ривлайы сахармӕ.
Уымӕ гӕсгӕ Мӕ адӕмы ӕнӕнхъӕлӕджы акӕндзысты уацары; уым сӕ уӕздӕттӕ сыдӕй мӕлдзысты, иннӕ адӕм та — дойныйӕ.
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ныр ӕз ацы зӕххы цӕрджыты фӕсурдзынӕн, фыдбылызы сӕ баппардзынӕн, се знӕгтӕ сӕ куыд ӕрцахсой, афтӕ».
Уый тыххӕй уӕ Ӕз ацы зӕххӕй, нӕдӕр уӕ фыдӕлтӕ, нӕдӕр уӕхӕдӕг кӕй зыдтат, уыцы бӕстӕм фӕсурдзынӕн. Ӕмӕ уым ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕцӕгӕлон хуыцӕуттӕм кувдзыстут, уымӕн ӕмӕ уын Ӕз нӕ ныххатыр кӕндзынӕн.
Ацы ӕвзӕр легъуиты, фыр ӕвзӕрӕй бахӕрӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдоны хъысмӕт та, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз бавзарын кӕндзынӕн иудейаг паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн, Йерусалимы цӕрджытӕй ацы зӕххыл цӕргӕйӕ чи баззади, уыдонӕн, стӕй, Мысырмӕ чи ацыди, уыдонӕн дӕр.
Паддзах Цедекиа Йеремиайӕн дзуапп радта: «Ӕз тӕрсын, халдейӕгты ’рдӕм чи балыгъди, уыцы иудейӕгтӕй. Халдейӕгтӕ мӕ сӕ къухтӕм куы радтой, уӕд мӕ хынджылӕггаг скӕндзысты».
Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ. Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны ’хсӕн.
Сӕ адӕмимӕ ӕдзӕрӕг быдыры чи ӕмбӕхсти, уыцы ӕфсады хицӕуттӕ фехъуыстой, Вавилоны паддзах Ахикамы фырт Гедалиайы Иудейы хицауӕй кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ йын, бӕстӕйы ӕппӕты мӕгуырдӕр чи уыд, Вавилонмӕ уацары кӕй нӕ акодтой, уыдоны усӕй, лӕгӕй, сывӕллонӕй йӕ бар кӕй бакодта, уый.
Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан сӕ ӕрбакодта Ривлайы сахармӕ, Вавилоны паддзахмӕ.
Ӕмӕ Вавилоны паддзах Ривлайы сахары, Хаматы бӕстӕйы, се ’ппӕты дӕр амарын кодта. Афтӕ иудейӕгтӕ ӕрвыст ӕрцыдысты сӕ зӕххӕй.
Паддзах вавилойнаг куырыхонты амарын бабар кодта Ариохӕн, паддзахы хъахъхъӕнджыты хицауӕн. Даниил Ариохмӕ бацыд ӕмӕ йӕ бафарста: «Паддзах ахӕм карз тӕрхон цӕмӕн рахаста?» Уый Даниилӕн хъуыддаг бамбарын кодта.
Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.
Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.