7 Уый фӕстӕ Навуходоносоры бардзырдмӕ гӕсгӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йыл паддзах хъадамантӕ бакӕнын кодта, цӕмӕй йӕ Вавилонмӕ акӕна.
Цедекиайӕн йӕ фыртты аргӕвстой йӕ цӕстыты раз, йӕхицӕн та йын йӕ цӕстытӕ скъахтой ӕмӕ йӕ хъадаманты мидӕг Вавилонмӕ акодтой.
уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дӕхиуыл дӕр ӕмӕ де ’ппӕт ӕрдхӕрдтыл дӕр Ӕз ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, дӕ цӕстыты раз знаджы кардӕй сӕ мӕлӕт ссардзысты. Ӕгас Иудей Ӕз Вавилоны паддзахы къухтӕм ратдзынӕн: иуты дзы акӕндзӕн Вавилонмӕ, иннӕты кардӕй ныццӕгъддзӕн.
Дӕхӕдӕг дӕр паддзахӕй нӕ аирвӕздзынӕ, ӕрцахсдзысты дӕ, ӕмӕ йӕ къухмӕ бахаудзынӕ. Вавилоны паддзахы раз ӕрлӕудзынӕ, йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзынӕ ӕмӕ Вавилонмӕ уацары ацӕудзынӕ.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ӕз Мысыры паддзахы, фараон Хофрайы, йӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухмӕ ратдзынӕн. Иудейаг паддзах Цедекиайы дӕр, йӕ мӕлӕтмӕ чи бӕллыд, уыцы знаджы, Вавилоны паддзах Навуходоносоры къухмӕ афтӕ радтон».
Уый фӕстӕ Цедекиайӕн йӕ цӕстытӕ скъахта ӕмӕ йӕ хъадаманты акодта Вавилонмӕ. Суанг ӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ ахӕстоны фӕдардта.
Ӕз ыл Мӕ ахсӕн хыз баппардзынӕн, ӕрцахсдзынӕн ӕй ӕмӕ йӕ акӕндзынӕн Вавилонмӕ, халдейаг зӕхмӕ, фӕлӕ йӕ уый нӕ фендзӕни. Уым амӕлдзӕн.
Филистимӕгтӕ Самсоны ӕрцахстой ӕмӕ йын йӕ цӕстытӕ скъахтой. Газӕйы сахармӕ йӕ акодтой, ӕрхуы хъадамантӕ йыл бакодтой ӕмӕ йӕ мӕнӕу ссыныл бафтыдтой.