Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 39:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ сӕ йе ’фсӕддонтӕ куы федтой, уӕд лидзӕг фесты. Ӕхсӕвы, паддзахы дыргъдоны дыууӕ сисы ’хсӕн цы кулдуар уыди, ууылты рацыдысты ӕмӕ Аравӕйы ’рдӕм араст сты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 39:4
17 Iomraidhean Croise  

Езекиа фӕныфсджын ис ӕмӕ ногӕй рацарӕзта сахары хӕлд быру, уый уӕлӕ та сарӕзта мӕсгуытӕ, ноджы ма быруйы ӕдде саразын кодта ӕндӕр быру дӕр. Давиды сахары бафидӕрттӕ кодта Милло, бирӕ хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уартытӕ ӕрцӕттӕ кодта.


Быруйы къулрӕбын ног донуат скъахтат ӕмӕ йӕм зӕронд цадӕй дон рауагътат. Фӕлӕ сымах, ӕппӕт адӕтты тыххӕй рагацау уынаффӕ Чи рахаста, Уымӕ нӕ кастыстут, ӕмӕ уыдӕттӕ раджы заманы Чи сфӕнд кодта, Уымӕ уе ’ргом нӕ раздӕхтат.


Тохы быдырӕй ӕмхуызонӕй ралыгъдысты дӕ фӕтӕгтӕ, фӕлӕ уацары бахаудтой, сӕ иуыл дӕр дзы фат суадзыны сӕр фыдгулы нӕ бахъуыди, афтӕмӕй. Дӕ хӕстонтӕй дард чи алыгъд, уыдон дӕр уацарӕй нӕ фервӕзтысты.


Фӕлӕ Ӕз бауынгӕг кӕндзынӕн Ариелы; уый хъӕрздзӕни ӕмӕ дзыназдзӕни, нывондхӕссӕн Мын фестдзӕни!


Иудейы паддзах Цедекиа дӕр халдейӕгты къухтӕй нӕ аирвӕздзӕн, ӕнӕмӕнг Вавилоны паддзахы къухмӕ бахаудзӕн ӕмӕ йемӕ лӕгӕй-лӕгмӕ ныхас кӕндзӕн.


Уый Цедекиайы акӕндзӕн Вавилонмӕ, ӕмӕ уым баззайдзӕн, цалынмӕ йӕм Ӕз не ’ркӕсон, уӕдмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг. — Халдейӕгты ныхмӕ куы тох кӕнат, уӕд сыл нӕ фӕуӕлахиз уыдзыстут“».


Сӕ сӕргъы цы хицау лӕууы, уый дӕр талынджы йе ’ккоймӕ сисдзӕни йӕ уаргъ ӕмӕ рацӕудзӕн. Къул батондзысты, цӕмӕй йӕ ууылты ракӕной. Уый бамбӕрздзӕни йӕ цӕсгом, ӕмӕ ацы зӕхх йӕ цӕстытӕй нӕ фендзӕн.


Боныгон-иу дӕ дзауматӕ уыдоны раз рахӕсс, дӕ цӕрӕнбынат аивыны охыл, изӕры та уыдоны раз рацу, хаст адӕм куыд рацӕйцӕуынц, афтӕ.


Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Чи ма уӕ аирвӕза, уыдонӕн знаджы зӕххытыл сӕ зӕрдӕты ахӕм тас бауадздзынӕн, ӕмӕ-иу сыфтӕры сыбар-сыбурӕй дӕр лидзӕг фӕуыдзысты, раст сӕм цыма кардӕй ӕвзидынц, уыйау. Фӕсте сӕ ничи сурдзӕн, афтӕмӕй ахаудзысты зӕххыл.


Цӕрдӕг нӕ алидздзӕн, тыхджынӕн фесӕфдзӕн йӕ хъару, нӕ фервӕздзӕн хъӕбатыр.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan