Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Йеремиа 39:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Вавилойнаг паддзахы уӕздӕттӕ бацыдысты сахармӕ ӕмӕ Астӕуккаг кулдуары цур ӕрбадтысты. Уыдоны ’хсӕн уыдысты: Нергал-Шарецер, Самгар-Нево, Сар-Сехим — паддзахы лӕггадгӕнджыты хистӕр, ӕфсӕддон хицау Нергал-Шарецер ӕмӕ Вавилоны паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ се ’ппӕт дӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Йеремиа 39:3
6 Iomraidhean Croise  

Вавилойнӕгтӕ сарӕзтой Суккот-Беноты, Куты цӕрджытӕ — Нергалы, хаматӕгтӕ — Ашимайы,


Ӕз цӕгаты паддзахӕдты адӕмтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр фӕсиддзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдон ӕрбацӕудзысты ӕмӕ сӕ паддзахы къӕлӕтджынтӕ Йерусалимы кулдуары цур, йӕ систы раз ӕмӕ Иудейы алы сахары дӕр ӕрӕвӕрдзысты.


Уӕд Йеремиа паддзах Цедекиайӕн загъта: «Уӕларвӕфсады Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: „Вавилойнаг паддзахы ӕфсады хицӕуттӕм дӕхи куы раттай, уӕд фервӕздзынӕ, ацы сахар та сыгъд не ’рцӕудзӕн. Де ’ппӕт хӕдзаронтимӕ удӕгасӕй баззайдзынӕ.


Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, лӕггадгӕнджыты хистӕр Неву-шаз-бан ӕмӕ ӕфсады хицау Нергал-Шарецер, стӕй вавилойнаг паддзахы иннӕ уӕздӕттӕ


Йӕ бӕхты къӕхты рыджы бын фӕуыдзынӕ, дӕ бырутӕ нынкъуысдзысты уӕрдонджынты хъӕрахст ӕмӕ уӕрдӕтты гыбар-гыбурӕй, дӕ кулдуарыл дӕм, чи ныппырх ис, ахӕм сахармӕ цӕуӕгау куы фӕцӕйцӕуа, уӕд.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan